Фландри

From Wikipedia, the free encyclopedia

Фландриmap
Remove ads

Фла́ндри (нидерл. Vlaanderen) кæнæ Фламандаг регион (нидерл. Vlaams Gewest) у Бельгийы цæгатаг регион. У федерацийы субъект.

Краткие факты Фламандаг регион, Паддзахад ...

Историон литературæйы уыцы номæй ма хуыдтой, ныртæккæ чи нал ис, уыцы Фламандаг герцогад. Хъæуы ма бафиппайын уый æмæ Фландрийы æмæ Фламандаг герцогад территоритæ æмхуызон не сты. Зæгъæм, Фламандаг герцогады сконды уыди ма ахæм зæххытæ, ныртæккæ Францмæ (Францы Фландри) æмæ Нидерландтæм (Зеландийы Фландри) чи хауы, уыдон.

Remove ads

Административон дих

Фландри дихгонд у фондз провинцийыл:

1 Антверпен
2 Лимбург
3 Скæсæн Фландри
4 Фламандаг Брабант
5 Ныгуылæн Фландри

Провинцитæ та сæхæдæг дихгонд сты муниципалитеттыл.

Брюселы сахары зылд у, Фламандаг Брабанты арæнты мидæг чи ис æмæ Фламандаг зылдмæ чи нæ хауы, ахæм анклав. Фæлæ уæддæр Брюссель у Фландрийы сæйраг сахар. Уыимæ ма Фландрийы хицауады дæлбар сты, нидерландаг æвзагæй пайда чи кæны, Брюсселы уыцы кусæндæттæ (скъолатæ, культурон уагдæттæ).

Remove ads

Политикæ

Бельги федераци куы сси, уæд Фландри нымад æрцыд, хи хицауад, парламент æмæ бюджет кæмæн ис, ахæм автономон субъектыл. Регионы иунæг официалон æвзаг у нидерландаг, кæд æмæ цалдæр муниципалитеты административон хъуыддаджы гæххæтыты ис пайдагæнæн францаг æвзагæй дæр.

Фламандийы парламент (нидерл. Vlaams Parlement) æвзæрст цæуы фондз азы æмгъуыдмæ æппæтон æмæ комкоммæйы ’взæрстыты фæрцы (æвзарыны бар ис æрмæст Фландрийы æдзух чи цæры, Бельгийы уыцы æмбæстонтæн). Фламандаг парламент аразы регионы хицауад.

Remove ads

Культурæ

Фландрийы райгуырдысты æмæ фæцардысты бирæ зындгонд нывгæнджытæ, уыдонимæ Рубенс, Якоб Йорданс, Адам ван Норт, Ф. Снейдерс, Ян Брейгель, Ван Дейк æмæ æндæртæ.

Кæс ноджы

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads