Хорантæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Хорантæ (уырыс. Хорановы) сты ирон æмæ дыгурон мыггаг.
Равзæрд
Хоранты мыггаг дæр равзæрд Доныфарсы Гагуаты мыггагæй. Сæ фыд Хоран уыд æлдар Гагуайы фырт, царди Доныфарсы. Ус ракуырдта, йæ фыдæй рахицæн æмæ йæ мыггаг йæхи номæй — Хорантæй схуыдта. Афтæмæй Доныфарсы хъæуы фæзынд Хоранты мыггаг. Бирæтæ сæ фæлыгъд быдырыхъæутæм.
Дзæуджыхъæуы цæрæг Хоранты Даукуыйы фырт Осмæны таурæгъмæ гæсгæ та, Хоран уыд Ос-Бæгъатыры къабазæй равзæргæ, Челейы фырты фырт Мисинæй. Мисин цард Уæлладжыры комы, Уæллаг Уыналы. Хоранæн уым уыд иунæг фырт — Генардухъ, уымæн та дыууæ фырты: сæ иу Айдарухъ, иннæйы ном ничи хъуыды кæны. Айдарухъы фырт Нæуæг Уыналæй ралыгъд Дыгуры коммæ æмæ æрцард Доныфарсы. Хоранты мыггагæй равзæрдысты Сехинатæ[1] æмæ Ганаты[1] мыггæгтæ. Шехинатæ фыццаг цардысты Кæсæджы, Озречы хъæуы, уый фæстæ сæ бирæтæ æрцарди Хутихъæуы (Лескены).[2]
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Æрвитæнтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads