Хъарман-Сындзыхъæу
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Хъарман-Сындзыхъæу, дыгуронау Хъарман-Синдзигъæу (уырыс. Карман-Синдзикау) у хъæу Цæгат Ирыстоны Дыгуры районы.
Сындзыхъæуы бындурæвæрд æрцыдис XVII æнусы.[2]
Remove ads
Истори
Хъарманмæ адæм ралыгъдысты Уæлладжыры комæй æмæ иу цалдæр мыггаджы Куырттаты комæй. Уымæ гæсгæ Хъарман у ирон хъæу, йæ цæрджытæ дæр дзурынц иронау. Ссæдзæм æнусы фыццаг цыппæрæм хайы Хъарманы дæле фæзындис æндæр хъæу — Сындзыхъæу. Ардæм та йæ цæрджытæ ралыгъдысты Дыгургом æмæ Уæллагкомæй. Уый фæдыл дзургæ дæр кæнынц дыгуронау.[3]
Мыггæгтæ
- Хъарман: Хъаратæ, Хъайтыхътæ, Дзугкойтæ, Бутатæ, Касатæ, Цæрукъатæ, Сохитæ, Атайтæ, Цыдатæ, Хъæрджынтæ, Цæбитæ, Едзитæ, Агънатæ, Дзбойтæ, Бекъойтæ, Челæхсатæ, Гаглойтæ, Бæгъиатæ, Магкæтæ, Созайтæ, Хацъæтæ, Гæвдынтæ.
- Сындзыхъæу: Абитæ, Гурдзибетæ, Гæмаонтæ, Хъыбызтæ, Цопантæ, Сечъынатæ, Къесаонтæ, Аркъаутæ, Дарчитæ, Зæгæлтæ, Хъæрджынтæ, Атайтæ, Хохойтæ, Бузартæ, Мæрзойтæ, Дзылыхтæ, Годзойтæ, Олисатæ, Габпатæ, Мамыкъатæ, Сæбантæ, Кацантæ, Бекмæрзтæ, Хъуылатæ, Тахохтæ, Гамахартæ.[3]
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads