Цæгат Корей
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Корейы Адæмон-Демократон Республикæ[1] (КАДР, кор. 조선민주주의인민공화국 — Chosŏn Minjujuŭi Inmin Konghwaguk), Цæгат Корей дæр æй хонынц, у социалистон паддзахад Азийы. Цæрынц дзы 22 милуан адæймагæй фылдæр. Цæгат Корейы сæйраг сахар у Пхеньян.
КАДР-ы æфсад — Корейы Адæмон æфсад — у Ази æмæ дунейы тыхджындæр æфсæдтæй иу. Лæггад дзы кæнынц 1 115 адæймаджы (2006-æм азы), уымæй у дунейы фæндзæм стырдæр æфсад.
Remove ads
Истори
XX æнусы райдианæй 1945-æм азмæ Корей æнæхъæнæй уыдис Японы дæлбар. Дыккаг дунеон хæст куы ахицæн, Корейы цæгаты ныллæуыдысты советон æфсæддонтæ, хуссары та — америкæгтæ. Америкæйы æфсад ныр дæр лæууы хуссары, Советон Цæдисы æфсад та ацыдис 1949-æм азы. Бæстæ дихгондæй баззадис.
1951-1953 азты Корейы цыдис æвирхъау «мидхæст». Æцæг мидхæст нæ уыд, уымæн æмæ Хуссар Корейæн стыр æххуыс кодтой АИШ æмæ æндæр капиталистон дунейы паддзахæдтæ (афтæ хуынд «Иугонд Нациты Организацийы тыхтæ»), Цæгат Корей дæр иунæгæй нæ баззадис знæгты раз — уымæн стыр æххуыс цыдис Китай (суанг гæрзифтонг тыхтæй) æмæ Советон Цæдисæй.
2002-æм азы фæстæ КАДР-ы цæуынц экономикон реформæтæ.
Remove ads
Интернет
КАДР-ы цæрджытæн Интернетæй пайда кæнæн нæй, фæлæ уыцы паддзахады ис хицæн компьютерон хыз Кванмён.
Кæс ноджы
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads