Цоциты Резо

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Цоциты Мичелы фырт Резо (райгуырдис 1906-æм азы Ортъеуы хъæуы — амардис 1983-æм азы) у ирон прозаик, тæлмацгæнæг æмæ драматург.

Краткие факты Цоциты Резо, Райгуырды датæ ...
Remove ads

Цардафыст

Йæ сывæллоны бонтæ арвыста фыййауæй, цыдис æххуырсты. Ног цардарæзт Резойæн радта сахуыр кæныны фадат. Сæхи хъæуы райдайæн скъолайы ахуыр кæнгæйæ, фæсивæдон газет «Мах фæлтæр»-мæ фыста уацхъуыдтæ. 1926 азы Цоцийы фырт кусын райдыдта газет «Хурзæрин»-ы типографийы, фæстæдæр æй сæвзæрстой фæскомцæдисы Цхинвалы райкомы секретарæй, 1929 азы та йæ сæвæрдтой фæскомцæдисон газет «Ленинон» редакторæй.

Резо каст фæци Мæскуыйы журналистикæйы институт æмæ куыста облæстон газеты редакторы хæдивæгæй, журнал «Фидиуæджы» редакторæй æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Йæ фыццаг аивадон уацмыс «Уæ дуг æндæр у» мыхуыры фæзынд 1930 азы, йæ фыццаг чиныг «Балц Дагъыстанмæ» — 1938 азы. Цоцийы фырт ныффыста дыууæ романы «Бæллиц» æмæ «Амонд», уацаутæ «Сæуæхсид», «Мæлæтæй тыхджындæр» æмæ бирæ радзырдтæ. Рацыдысты хицæн чингуытæй. Ис æм Лениныл фыст цалдæр уацмысы дæр: «Цæргæсыл фембæлд», «Мавзолей» æмæ æндæртæ. Æнтыстджынæй архайдта драматургийы дæр. Сценæйы æвæрд æрцыдысты йæ пьесæтæ: «Хæхты тох», «Нæ уынджы бæрæгбон», «Комулæфт», «Хурыскасты размæ».[1]

Remove ads

Фиппаинæгтæ

Литературæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads