Цъеретели (мыггаг)

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Цъерете́ли (гуырдз. წერეთელი) сты гуырдзиаг мыггаг.

Равзæрд

Таурæгъ куыд амоны, афтæмæй Цъеретелитæ ирæттæ сты, сæ фыдæлтæ цардысты Ирыстоны æмæ сæ дæлбар уыд Цадары зылд. Тамерлан куы ’рбабырста, уæд гуырдзиаг æмæ ирон кънйæзтæй бирæтæн тыххæй пысылмон дин райсын кодта. Цъеретелийы нæ фæндыд чырыстон дин ныууадзын æмæ алыгъд Кæсæгыл Имеретмæ. Уый уыди 1395 азы. Имереты паддзах Константин II ыл цингæнгæ сæмбæлд, радта йын кънйазы ном, стæй Сачхер цæрæнбонты уый куыд уа. Цъеретелитæй иутæ Уырысмæ дæр алыгъдысты 1724 азы паддзах Вахтанг æмæ Бакаримæ æмæ сæхи ныффыстой Церетеловтæ.[1]

Remove ads

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads