Черкесск
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Черке́сск (абаз. Черкес къала, кæсгон-черкес. Шэрджэс къалэ, хъæр.-балхъ. Черкесск шахар, ногъ. Шеркеш шахар) у Уæрæсейы сахар Хъæрæсе-Черкесы, уыцы республикæйы сæйраг сахар. Цæрынц дзы 122,5 мин адæймаджы (2017).
Сахар у республикæйы ахсджиагдæр экономикон æмæ культурон центр.
Remove ads
Географи
Сахар æрбынат кодта республикæйы цæгаты, Хъобаны рахиз фарсыл. Æмарæн у цыппар районимæ: Абазайы, Адыге-Хаблы, Хъобангæроны æмæ Усть-Джегутайы.
Цæрæнраны фæзуат у 69,8 км².
Сахарæй скæсæнырдæм райдайынц ныллæг рæгътæ, сæ бæрзæнд хæццæ кæны 700 метрмæ. Сахар лæууы денджызы æмвæзадæй 530 м уæлдæр.
Истори


XIX æнус
Сахарæн йæ бындур æвæрд æрцыд 1825 азы. Фыццаг уыдис хъазахъхъаг станицæ. Йæ ном у туркаг æфсæдты хицау Батал-пашайы фембылды кадæн (1804 азы уырысы инæлар-майор Иван Германы бал пашайы æфсад ныддæрæн кодта). Састы бынаты чи баззадис, уый кадæн цæрæнран куы схонынц, ахæм уавæр дунейы арæх нæ вæййы. Хуымæтæг адæм сæ цæрæн бынат хуыдтой Пашинкæ.
Баталпашинская канд хæстон функцитæ не ’ххæст кодта, фæлæ ма йын уыдис зынгæ ахадындзинад базарады къабазы дæр. Сæудæджергæнджытæ дзы-иу ивтой хохæгты базайрæгтæ хъуымац æмæ цæххыл.
1860-æм азы станицæ сси ног Хъобаны облæсты центртæй иу. 1868-æм азмæ дзы куыстой бригадон училище æмæ сылгоймæгты училище[2]. 1868 азы кусын байдыдта фыццаг рынчындон (уыдис дзы 48 рынчынæн хуыссæн бынæттæ). Александр II-æмы бардзырдмæ гæсгæ 1869 азы 30 декабры станицæ хъуамæ суыдаид сахар Баталпашинск, фæлæ уыцы уынаффæ æххæстгонд не ’рцыд[3], сахары статус ын лæвæрд æрцыд æрмæст советон заманы.
XX æнус
Мидхæсты заман станицæ байстой инæлар Шкуройы урсæфсæддонтæ. Шкуро расидтис мобилизаци, æмæ чысыл фæстæдæр, 1919 азы 5 январы, йæ къухы бафтыдис Кисловодск байсын. Кисловодскæй Баталпашинскаямæ æрбаласта адæмы, æмæ станицæйы мидæг кусын байдыдта патронтæ, хъуымац, цырыхъхъытæ кæнæн куыстуæттæ. 1920-æм азы уалдзæджы бæстæ байстой сырхæфсæддонтæ[4].
1922 азæй станицæ уыдис Хъæрæсе-Черкесы автономон облæсты центр, 1926-æм азæй — Черкесы националон зылды центр, 1928-1943 — Черкесы автономон облæсты центр.
1931 азы ссис горæт æмæ хуындис Баталпашинск.
1934-æм азы та сахарæн радтой ног ном — Сулимов, Совнаркомы сæрдар Сулимовы кадæн. Фæлæ 1937 азы Сулимовы æрцахстой æмæ фехстой, æмæ уæд сахарæн радтой æндæр ном — Ежово-Черкесск. Ежовы дæр 1939-æм азы æрцахстой, æмæ уæдæй нырмæ сахар хæссы ном Черкесск[5].
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг сахар байстой немыц, æмæ 1943-æм азы январы онг уыдис оккупацийы.
Remove ads
Цæрджытæ
- Национал сконд
Цæрджыты æппæтуæрæсеон сфыстмæ гæсгæ (2010)[6]:
Сахары мидæг цæрынц 70 адæмыхаттæй фылдæр.
Бынæттон хиуынаффæйад
Сахар Черкесскæн йæ муниципалон скондæн ис сахары зылды статус, уый мидæг ис æрмæстдæр иу цæрæнран[7][8][9], сахар Черкесск.
Бынæттон хиуынаффæйады структурæмæ хауынц:[8]
- Муниципалон сконды думæ — æвзæрст оргæн, йæ сæргъы — муниципалон сконды сæргълæууæг;
- Муниципалон сконд Черкессчы сæргълæууæг („сахары сæргълæууæг“) — муниципалон сконды уæлдæр хæсадон бынат;
- Муниципалон сконды мэри — æххæстгæнæг оргæн, кæй сæргъы лæууы муниципалон сконды мэр;
- Контролон-хынцæн палатæ.
- Черкессчы сахары мэр у
- Муниципалон сконды сæргълæууæг (сахары думæйы сæрдар) у
- Беланов Евгений Михаилы фырт[12]
- Сахары думæйы депутаттæ [13]
Remove ads
Спорт
Футбол
2019-æм азы Черкессчы фæзындис ног профессионалон футболон клуб, йæ ном у «Интер». Уый хъазы Уæрæсейы æртыккаг дивизионы. Хæдзарон хъæзтытæ клуб хъазы Лермонтовы сахары стадион «Бештау»-ы[14]. Командæйы сконды хъазынц дыууæ ирон спортсмены дæр — Кучиты Георги æмæ Æлборты Алан[15].
Клубы уæззаудæр æмбылд уыдис Дзæуджыхъæуы «Алани»-имæ хъазт 2019-æм азы 21 сентябры — 0:5[15].
Галерей
- Цыртдзæвæн Уæлахизы парчы
- Стелæ
- Ленины кадæн цыртдзæвæн
- Никольский аргъуан
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads