Эсперанто
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Эсперанто (Esperanto) у пълангонд æвзаг.

Эсперанто равзæрдис XIX æнусы, æрымысыдис йæ Варшавæйы цæрæг цæстыты дохтыр Людвик Заменгоф. Пайда дзы кæнынц куыд нациты ’хсæн дзурыны фæрæз. Эсперанто тынг æнцон у ахуыр кæнынæн, уый тыххæй æмæ национ æвзæгтæй хъауджыдæр у адæймаджы æрымысгæ æвзаг. Хуымæтæг (ома æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ зæрдæргъæвд чи нæу) адæймаджы бон у эсперантойыл сдзурын 3–6 мæйы фæстæ.
Эсперанто рапарахат иc фыццаг чиныгæй, кæцы мыхуыры рацыдис уырыссаг æвзагыл Варшавæйы 1887-æм азы. Ныртæккæ зæххы къорийы эсперантойыл дзурынц 120 бæстæйы — дзурджытæ æдæппæт сты цалдæр милуаны.
Стыр ахъаз кæмæн уаид эсперанто базонын:
- бынæттон æзвзæгтæ чи нæ зоны, ахæм дардбæлцæттæн;
- эсперанто-фысымты хызæй (Pasporta Servo) пайда чи кæны, уыцы бæлцæттæн;
- алыхуызон цымыдисаг митыл чи архайы, аххæм адæмæн (радиоуарзджытæ, филателисттæ æмæ иннæтæ);
- фæсарæйнаг специалисттимæ профессион бастдзинæдтæ кæй хъæуынц, уыдонæн;
- интернационалон форумты (уыимæ интернеты дæр) бацархайын кæй фæнды, уыдонæн.
Эсперанто у нейтралон, æндæр æвзæгты бартæ нæ халы. Æцæгæлон национ æвзаг зын сахуыр кæнын зын у, эсперанто та нæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, дунейы адæмтæм эсперантойы раз æмхуызон уавæртæ ис.
Remove ads
Фыссынад
Эсперантойы алфавиты ис 28 дамгъæйы:
Алы дамгъæ каст у, Æхсæнадæмон фонетикон алфавит куыд амоны, мæнæ ацы дамгъæты йеддæмæ:
Цалдæр фразæйы эсперантойыл
Remove ads
Æддаг æрмæг
- Эсперантойы тыххæй хабæрттæ уырыссагау (+ активон форум)
- Эсперантойыл ахсджиаг сайттæ Архивгонд æрцыдис 18 апрелы 2005 азы.
- Lernu.net: эсперантойы ахуыргæнæн сайт
- Ахуыргæнæн посты группæйы сайт
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads