Æвзагзонынад
From Wikipedia, the free encyclopedia
Æвзагзонынад (æвзагахуырад дæр, лингвистикæ дæр) у, æвзæгтæ чи иртасы, ахæм зонад.
Æвзагзонынадæн йæ иртасинаг у:
- адæймаджы æвзаг æмткæй; алы æвзаджы дæр цы ис, уый (иумæйаг æвзагзонынад);
- конкретон æвзæгтæ сæрмагондæй (сæрмагонд æвзагзонынад).
Æвзаг иртасынæн цæттæ нæу, лингвист æвзаджы системæ ныхасы факттæй рацаразы. Ныхасы архайды фæстиуæгæн фæзынынц тексттæ — гъе тексттæ иртасынæй базонæн и æвзаджы структурæ. Иуæй-иу хатт системæйы хицæн хæйттæ сбæлвырд кæнынæн аразынц лингвистикон эксперименттæ дæр.
Æвзагзонынады иртæстытæ ахъаз сты æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ, кæссын-фыссыны зонындзинæдтæ парахат кæнынмæ, дзырдуæттæ æмæ тæлмацгæнæн программæтæ аразынмæ, ног терминтæ æрымысынмæ æмæ афтæ дарддæр.