Хетæгкаты Къоста
From Wikipedia, the free encyclopedia
Хетæгкаты[2] Леуаны фырт Къоста (райгуырдис 1859-æм азы кæфты мæйы 3-æм (15-æм боны) Нарыхъæуы — амардис 1906-æм азы тæргæйтты мæйы 19-æм боны (хуымгæнæны мæйы 1-æм боны) Лабæйы) уыдис зынгæ ирон фыссæг, поэт, публицист, нывгæнæг æмæ нывгæрдæг. Нымад цæуы ирон литературæйы бындурæвæрæгыл.
Краткие факты Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста, Райгуырды датæ ...
Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста | |
---|---|
Райгуырды датæ | 3 (15) октябры 1859[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 19 мартъийы (1 апрелы) 1906[1] (46 азы) |
Мæлæты бынат | Лабæ, Уæрæсейы импери |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт, прозаик, нывгæрдæг, нывгæнæг, рухстауæг, драматург, публицист |
Жанр | драмæ, поэзи, прозæ |
Уацмысты æвзаг | ирон[1] æмæ уырыссаг[1] |
Викикъæбицы медиа |
Закрыть
Къоста райгуырдис Нарыхъæуы. Сывæллонæй фæахуыр кодта Нары, Дзæуджыхъæуы æмæ Стъараполы, æмæ 1881-æм азы бацыд Бетъырбухы Аивадон академимæ. 1883-æм азы йын йæ стипенди кæй æрлæууын кодтой, уый тыххæй рыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Уым Къоста ныффыста йæ æмдзæвгæты фылдæр хай, æмæ йæ ном тынг ахъæр ис. Йæ æмдзæвгæтæ та Ирыстоны сахарты æмæ хъæуты апырх сты.