From Wikipedia, the free encyclopedia
Иоганн Себастьян Бах (нем. Jóhann Sebástian Bach; 1685-æм азы 31 мартъийы Эйзенахы, Саксен-Эйзенах — 1750-æм азы 28 июлы Лейпциджы, Саксони) у номдзыд немыцаг композитор, бароккойы дуджы минæвар, фортепианойы æмæ органы виртуоз. Иуæй-иу иртасджытæ йæ хонынц историйы стырдæр композитор. Йæ куыстытæ стыр тæваг дардтой ног композиторты фæлтæртыл, зæгъæм, Бетховен æмæ Моцартыл.
Иоганн Себастьян Бах | |
---|---|
нем. Johann Sebastian Bach | |
Иумæйаг информаци | |
Райгуырды датæ | 21 (31) мартъийы 1685[1][2] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1750-æм азы 28 июлы[5][6][…] (65 азы) |
Мæлæты бынат | |
Ныгæныны бынат | |
Бæстæ | |
Професситæ | композитор, органист, клавесинист, скърипкæйæдзæгъдæг, дирижёр, хоровой дирижёр, концертмейстер, музыкæиртасæг, музыкалон педагог, виртуоз, скъолайы ахуыргæнæг |
Сфæлдыстады азтæ | 1710 — |
Инструменттæ | орган[d], клавесин[d], скърипкæ[d] æмæ альт[d] |
Жанртæ | бароккойы музыкæ[d][8][9] |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Йæ царды дæргъы Бах ныффыста 1000 уацмысæй фылдæр музыкæйы алы жанры, оперæйæ æддæмæ. Фæлæ æппæтæй зындгонддæр сты йæ органы куыстытæ. Æндæртæ та йæ амæлæты онг афтæ зындгонд нæ уыдысты, æмæ сæ зыдтой æрмæст музыкæ уарзджыт чысыл хай. Йæ амæлæты фæстæ та цасдæр рæстæджы дæргъы уыдысты рохуаты. Фæлæ цалдæр дæс азы фæстæ, Венæйы классикон скъолайы композитортæ йæ уацмыстимæ кусын куы райдыдтой, стæй Феликс Мендельсон йæ уацмыс «Matthäus-Passion» Берлины куы равдыста, уæд дзыллæмæ фæзындис Бахы музыкæмæ интерес, æмæ азæй-азмæ кодта уæрæхдæр.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.