Герман
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Герман[1] (нем. Deutschland), официалон æгъдауæй Германы Федеративон Республикæ[1] (нем. Bundesrepublik Deutschland), у Астæуккаг Европæйы федералон парламентон республикæ. Бæстæйы ис 16 зæххы, æмæ йæ сæйраг æмæ стырдæр сахар у Берлин. Герман ахсы 357 021 квадратон километр æмæ у Европæйы стырдæр бæстæтæй иу. 82 милуан цæрæгимæ у Европæйы Цæдисы цæрæгджындæр бæстæ. Герман у Европæйы стырдæр политикон æмæ экономикон тых.
Герман у Европæйы Цæдисы бындурæвæрджытæй иу æмæ хауы Евро æмæ Шенгены зонæмæ. Уый йеддæмæ хайад исы ахæм æхсæнадæмон организациты, куыд ИНО, G7, НАТО æмæ æнд. Рæстæгæй рæстæгмæ исы хайад ИНО-йы Æдасдзинады Ныхасы.
Remove ads
Истори

Дыккаг дунеон хæсты фæстиуæгæн 1990-æм азы 18 мартъийы агъоммæ Герман уыдис дыууæ паддзахады: ГФР æмæ ГДР. Кæс Германы иугонд.
Демографи
Германы стырдæр сахартæ сты Берлин (3424,7 мин адæймаджы), Гамбург (1773 мин), Мюнхен (1315 мин) æмæ Кёльн (996 мин).
Германы цæрджытæй 6 милуаны бæрц дзурынц уырыссагау, уыдонæй 3 милуаны бæрц сты Советон Цæдисæй ралидзгæ адæм[2] (уæрæсейаг немыц æмæ сæ бинонтæ).
Кæс статьятæ
Галуæнттæ æмæ фидæрттæ
- Гейдельберджы гæнах, Гейдельберг (Баден-Вюртемберджы зæхх)
- Эльцы гæнах Мозелы доныл (Рейнланд-Пфальц)
- Паддзахы гæнах Хоэншвангау (Баварийы зæхх)
- Нойшванштайны Фидар (Баварийы зæхх)
Историон бæрæг арæстытæ
Аргъуантæ æмæ кувæндæттæ
- Аахены аргъуан, Аахен (Цæгатаг Рейн-Вестфалийы зæхх)
- Кёльны аргъуан, Кёльн (Цæгатаг Рейн-Вестфалийы зæхх)
- Кайзер Вильгельмы мемориалон аргъуан, Берлин
Ландшафттæ æмæ æндæр рæсугъд бынæттæ
- Гарцы комы Броккены-Хох (Саксони-Анхальты зæхх)
- Рюгены сакъадахы къæдзæх (Мекленбург - Раззаг Померанийы зæхх)
- Альпты хæхбæстымидаг Цугшпитцæйы-Хох (Баварийы зæхх)
- Сахар Франкфурты (Майныдоныл кæцы лæууы) астæу
Техникæ æмæ культурæ
Æддаг æрмæг
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads