Айлартæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Айлартæ (уырыс. Айларовы) сты ирон мыггаг.
Хъæуы тыххæй кæс Айлартæ (хъæу).
Равзæрд
Мыггаг равзæрд Ос-Бæгъатыры фырт Цъæхилы астæуккаг фыртæй Уæлладжыры комы, Урсдоны хъæуы. Айлартæ ацы хъæуы цæргæйæ сбирæ сты, æмæ сæ иуæй-иутæ зæххагур фæцыдысты æндæр рæттæм. Афтæмæй Айларты мыггагæй фæзынди Цъæйы, Арвыкомы, Хуссар Ирыстоны, Дыгургомы. Айлартæн хæстæг мыггæгтыл нымайынц Дзугатæ æмæ Æмбалты. Айларты мыггагæй Дыгуры коммæ чи æрбалыгъд, уыцы лæг, дам, Цъæйы кæйдæр амардта æмæ йæ туджджынтæй йæхи бафснайдта Дыгуры комы. Ам æрцард Хонсары хъæуы, ус ракуырдта æмæ ссис бындурон цæрæг. Фæстæдæр йæ цæуæтæй бирæтæ алыгъдысты Дымтæм, уырдыгæй та Къорамæ.
Remove ads
Æрвадæлтæ
Зындгонд адæм
- Айларты Измаил, Харитоны фырт (1924–2018) — ирон поэт æмæ прозаик.
- Айларты Чермен, Гæбылайы фырт (1934–2005) — ирон фыссæг.
Литературæ
- Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 36.
- Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 31.
- Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 356.
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads