Безенги (альплагерь)

From Wikipedia, the free encyclopedia

Безенги (альплагерь)map
Remove ads

Безенги —  альпинистон ахуырадон-спортивон базæ Безенгийы комы Кæсæг-Балхъары уæлхох æрдзæвæрæны.

Thumb
Кундюм-Мижиргийы сæрты хиды ’рдыгæй уынд. Мидæгоз — Гестолæ
Remove ads

Лагеры æвæрд

Альплагерь «Безенги» æрбынат кодта Цæрæчы районы 2.200 метры денджызы æмвæзæй уæлдæр. Базæ дыууæ комы хæрхæмбæлд кæм фæвæййынц, уым æрбынат кодта. Кæмттæ кæнынц Цæгатаг массивмæ æмæ хъуыстгонд Безенгийы къулмæ, орографионæй рахизырдыгæй бафтынц Безенгийы цъитимæ (йе ’взагæй гыццыл дæлдæр), цъупп Брнойы дæлфæдды цурмæ. Денджызы æмвæзæй ацы ран уæлдæр у 2500 метры.

Куысты уаг æмæ равг

Майæ сентябры онг лагерь бабæрæг кæнынц 1,500 адæймаджы — хæхты активон улæфты фарсласджытæ, альпинисттæ.

«Безенги» нымад у Уæрæсейы хуыздæр альпинистон ахуырадон-спортивон базæты рæнхъы. Ам ацæуынц альпинистон дисциплинæтæй алыгъуызон ерыстæ,чемпионаттæ. Спортсментæ базæ бауарзтой уымæн, æмæ ардыгæй æнцон у къахбавæрæнтæ скæнын Безенгийы къулмæ (Стыр хохы тæккæ бæрзонддæр хай — айтыгъдæуыд 13 километры бæрц). Уымæй уæлдай йæ алфæмблæйтты сты Кавказы аст 5-минон цъуппытæй æхсæз; Дыхтау (5204 м.), Коштантау (5152 м.), Мижирги (5025 м.), Шхарæ (5182 м.), Пушкины цъупп (5100 м.) æмæ Джангитау (5058 м.).  2007-æм азæй Уæрæсейы альпинизмы федераци ам саразы æрвылазон централон скъола инструктор-методисттæ цæттæгæнынæн.

Remove ads

Лагеры тыххæй

Альпинистон лагерь Безенги сарæздæуыд 1959-æм азы [1]. Ныры рæстæг дзы ис хæрæндон, дукани, цалдæр кафейы, абана, коттеджтæ æмæ хъæдын хæдзаргæндтæ, цатыртæ æвæрæн бынат. Уымæй уæлдай ма альплагеры ис этнографион хайад дæр. Ис дзы цалдæр хохаг хæдзары æмæ дыууæ мæсыджы — арæзт сты рагбалхъайрæгты æнгæс. Мæсгуытæй иу музейы функцитæ æххæст кæны. Мидæгæй дзы ис куыд этнографион æрмæджытæ, фылдæр балхъайрæгты мигæнæнтæ, афтæ картæтæ, хæххон маршрутты афыстытæ, сæрмагонд уæлæдарæс æмæ зæронд чингуытæ — æдæппæтæй сæдæгай равдисинаг экспонаттæ.

« Ам ис чысыл библиотекæ. Ис дзы 19-томон «Живописная Россия», рауагъдæуыд 1883-æм азы. Ай та мæнæ альпинизмы тыххæй фыццаг чиныг «Уæлвонг хæхтæм схизынад» — 1870-æм аз. Ай та мæнæ Решфельд, фыццаг схизæг чи уыд ацы рæттæм. Уæдæй нырмæ уыцы хохмæ бирæтæ цæуынц[2].
Уæрæсейы альпинистты цæдисы Безенгийы куратор Алексей Слотюк
»

Алфæмбылæйтты

Лагеры алыварсты сты Кæсæг-Балхъары тæккæ бæрзонддæр æхсæрдзæнтæ дæр.

Фиппаинæгтæ

Æрвитæнтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads