Дыхтау

From Wikipedia, the free encyclopedia

Дыхтауmap
Remove ads

Дыхта́у (хъæр.-балхъ. Дых тау — «уырдыг хох») — Стыр Кавказы Фæрсаг рагъыл хохы цъупп. Тертиториалонæй уæвы Кæсæг-Балхъары республикæйы Кæсæг-Балхъары уæлхох æрдзæвæрæны территорийыл. Йæ бæрзæндмæ гæсгæ Кавказы æмæ Уæрæсейы ахсы дыккаг бынат, Эльбрусы фæстæ.

Краткие факты Дыхтау, Кæм ис ...

Æвæрд у Гуырдзыстон æмæ Кæсæг-Балхъары арæныл. Дыхтау ма хонынц «Скъуыдтæ» кæнæ «Уырдыг хох», уымæн æмæ тæссаг хохыл нымад у, адæм дæр æм, иннæ цъуппытæй хъауыджыдæр, стæмдæр ныхилынц. Йæ æдддагцъар цæхгæртæ æмæ тæссаг у; бирæ рæтты айнæгджын, арæх дзы сты зæйтæ æмæ дуркæлæнтæ. Зымæджы хохы фæхстыл температурæ ныллæг у[1].

Хох у пирамидалон, арæзт у кристалликон породæтæй, хæрзбæрæг Сæйраг (5204,7 м)[2] æмæ Скæсæйнаг (5180 м)[3] цъуппытимæ.  Сæ дыууæйы астæу цæуы нарæг дæлвæзгонд. Уымæй уæлдай ма Дыхтауы массивы альпинисттæ хицæн кæнынц 50-метрон жандарм  — Пушкины пик[4].

Дыхтауыл альпинистон маршруттæ 10-æй фылдæр айгæрстæуыд. Уæрæсейаг классификацимæ гæсгæ дзы тæккæ минималондæр зын у 4А[5]. Цъуппмæ фыццаг хатт схызтысты 1888-æм азы Альберт Маммерти æмæ Зарфлу йæ хуссар-ныгуылæйнаг рагъыл (4Б)[5][6].

Remove ads

Кæс ноджы

Æрвитæнтæ

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads