Беритæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Беритæ[1] кæнæ Бериатæ[2] (уырыс. Бериевы, гуырдз. ბერიაშვილი[1]) сты ирон мыггаг.
Хъæуы тыххæй кæс Беритæ (хъæу).
Равзæрд
Таурæгъмæ гæсгæ, дам, Бериатæ раздæр Беритæ уыдысты, цардысты Туалгомы Беритыхъæуы. Уырдыгæй, дам, раджы кæддæр Дыгургоммæ алыгъдысты. Сæ иутæ æрцардысты Лезгоры, иннæтæ Гæлиаты. Таурæгъмæ гæсгæ, Беритæ, Бузартæ, Даситæ, Дретæ, Леуантæ æмæ Чибитæ сты æрвадæлтæ. Сæ фыццаг фыдæлтæ: Бери, Бузар, Даси, Дре, Леуан æмæ Чиби уыдысты æфсымæртæ, цардысты Лезгоры. Сæ фыд уыд Сата. Йæ цæуæт куы сбирæ сты, уæд сын зæхх нал фаг кодта æмæ сæ бирæтæ алыгъдысты быдыры хъæутæм: Дур-Дурмæ, Лескенмæ, Къорамæ.
Беритæй иу æвзонг лæппу Бери Лезгоры кæйдæр амардта æмæ фæлыгъд Гуырдзымæ, уым иу къорд æзты йæхи фембæхста, стæй сæфтыд Уæлладжыры коммæ æмæ уый фæстæ — Туалгоммæ. Ам йæ мыггаг йæхи номыл скодта — Беритæй. Фæзынд Бериты хъæу дæр.
Remove ads
Æрвадæлтæ
Фиппаинæгтæ
Литературæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads