Варнæйы облæст
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Варнæйы облæст (болг. Област Варна) у Болгарийы дыууын аст облæстæй иу. Облæст лæууы бæстæйы хуссар-скæсæны. Йæ скæсæны у Сау денджыз, æмарæн у Бургасы облæст, Добричы облæст æмæ Шумены облæстимæ.
Варнæйы облæсты фæзуат у 3820 км² (æдæппæт паддзахады фæзуатæй 3,44 %), цæрынц дзы 495 056 адæймаджы (æдæппæт Болгарийы цæрджытæй 6,1 %). Варнæйæгтæ, Болгарийы рæстæмбис нымæцтимæ абаргæйæ, гуыргæ кæнынц фылдæр, мæлгæ та — къаддæр.
Цæрджыты разт азмæ гæсгæ: 1934 азы — 256 425 1946 — 266 617 1956 — 314 163 1965 — 366 855 1975 — 431 024 1985 — 464 945 1992 — 462 970 2001 — 462 218 2007 — 495 056 2025 — 610 000[2] (прогноз)
Цæрджыты этникон сконд: болгайрæгтæ — 85,3 %, туркæгтæ — 8,1 %, цигайнæгтæ — 3,3 %. Экономикæйы активон цæрджыты хай — 56 %, кæд æмæ бæстæйы астæуккаг у 46 %.
Облæсты ис генералон консулæдтæ — Польшæ, Уæрæсе æмæ Украинæйы.
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads