Бургасы облæст
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Бургасы облæст (болг. Област Бургас) у Болгарийы Хуссар-Скæсæйнаг регионы денджызгæрон облæст, у бæстæйы тæккæ стырдæр (7 748,1 км²). Цæрынц дзы 422 458 адæймаджы.
Скæсæны облæсты арæн у Сау денджызы былгæрон, ныгуылæны сыхаг у Сливены æмæ Ямболы облæстытæ, цæгаты — Варнæйы æмæ Шумены облæстытæ, хуссары та — Турчимæ паддзахадон арæн.
Афæдзы рæстæмбис температурæ у 13 °C.
Бургасы облæсты экономикæ размæцыдыл нымад у, уымæ хауы æппæт Болгарийы ÆМП-ы 5,22%[2]. Бургасы ис порты комплекс — уыимæ нефты æмæ кæсæгахсджыты наулæууæнтæ — уыцы портмæ ласынц бæстæйы импорт æмæ экспорты 74%[3].
Æхсæнадæмон аэропорт Бургасмæ æрбатæхынц туристтæ сæ фæллад уадзынмæ. Облæсты денджызгæрон лæууынц бирæ курорттæ, сæ фылдæр змисджын пляжтимæ. Уыдонæй тæккæ зындгонддæр у егъау комплекс Хурджын был (болг. Слънчев бряг). 2008 азы, фæллад уадзынмæ Бургасы облæстмæ чи ’рбацыдысты, ахæм уæрæсейæгты нымæцмæ 38% бафтыд; æдæппæт уыдысты 40 мин адæймаджы бæрц[4].
Облæсты экономикæйы сконды канд туризм æмæ транспорт рæзмæцыд не сты, фæлæ индустри дæр. Нефтехими æмæ нефты ракуыст индустриалон кондады ахсынц 70%. Æндæр къабæзтæ сты хæринаг æмæ сæн уадзæн индустри, текстилуафæн кондад.
Remove ads
Бургасы облæсты хъæубæстæтæ

- Айтос (хъæубæстæ)
- Бургас (хъæубæстæ)
- Камено (хъæубæстæ)
- Карнобат (хъæубæстæ)
- Малко-Тырново (хъæубæстæ)
- Несебыр (хъæубæстæ)
- Поморие (хъæубæстæ)
- Приморско (хъæубæстæ)
- Руен (хъæубæстæ)
- Созопол (хъæубæстæ)
- Средец (хъæубæстæ)
- Сунгурларе (хъæубæстæ)
- Царево (хъæубæстæ)

Æддаг æрмæг
- Облæсты администраци (болг.), (англ.)
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads