Уырыссаг æвзаг
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Уырыссаг æвзаг (русский язык) у Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон æвзаг. Славяйнаг æвзæгтыл дзурæг адæмæн се ’мбис дзурынц уырыссагау. Æппæт дунейы уырыссагау дзурын зонынц 285 милуан адæймаджы (уыдонæй æрмæст 146 милуан сты уырыссæгтæ), ома дзурджыты нымæцмæ гæсгæ ахсы цыппæрæм бынат, китайаг, англисаг æмæ испайнаг æвзæгты фæстæ.
Уырыссаг æвзагæй пайда кæнынц канд Уæрæсейы нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр. Хъазахстан, Хъиргъиз æмæ Белоруссийы (стæй де-факто хæдбар паддзахæдтæ Абхаз, Приднестровье æмæ Хуссар Ирыстоны) у официалон æвзæгтæй иу. Хъырым æмæ иуæй-иу Украинæйы облæстыты уырыссаг æвзагæн радтой регионы æвзаджы сæрмагонд статус, фæлæ 2014-æм азы фæстæ ахæм статус бæстæйы закъæттæй аиуварс кодтой.
Иугонд Нациты Организацийы цы æхсæз официалон æвзаджы ис, уыдонæй иу уырыссаг æвзаг у.
Куыд алы стыр æвзаг, афтæ уырыссаг æвзаг дæр йæ уæзы бын бакодта, уый æмрæнхъ кæмæй пайдагонд цæуы, уыцы чысылдæр æвзæгты.

Remove ads
Æддаг æрмæг
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads