Дзидзойтæ

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Дзидзойтæ[1][2] (уырыс. Дзидзоевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд

Сæ мыггаджы хистæртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ, дам, Дзидзойты мыггаг раджы кæддæр равзæрд Уæлладжыры комы Зджыды Гæбуты мыггагæй. Гæбутæй, дам, иу лæг ус ракуырдта ацы хъæуккаг Баситы чызджы, фæлæ лæг уайтагъд амард, Баситы чызг йæ цæгатмæ ацыд. Ам ын райгуырд лæппу, сæвæрдтой йыл ном Гæуис. Цæмæй сæ сæ хæрæфырт зæххытæ ма ‘рдома, уый тыххæй Гæуисы Баситæ марынвæнд скодтой. Ацы хабар Гæуисы мадæн чидæр фехъусын кодта, æмæ уырдыгæй фæлыгъд Сындзыхъæумæ, ардыгæй та ДыгургоммæУæхъæцмæ. Ам Гæуис слæг. Дзидзойтæ цæрынц Æхсæрысæры. Сæхæдæг куыд дзурынц, уымæ гæсгæ сæ мыггаджы ном рахастой сæ цæрæн бынатæй. Сæ фыдæл хуынд Гасай… Гасайæн уыд æфсымæртæ: Гото, Цæгæра, Гæбу, Джыбыл, Гыбыдт. Ацы æфсымæрты нæмттæй равзæрдысты мыггæгтæ: Готатæ, Цæгæратæ, Гæбутæ, Джыбылтæ, Гыбыдтæ.[3]

Remove ads

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads