Ерастъы
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Ерастъы, дыгуронау Ерашти — ахæм ном ныффидар ис, XIX æнусы райдианы Дыгургомæй Мæздæджы быдыртæм цы дыгурæттæ алыгъдысты, уыдоныл. Афтæ сæ схуыдтой, Терчы къабæзтæй Ерастъы[1] (уырыс. Ерошта) кæнæ Дзерашти кæй хонынц, уымæ гæсгæ.
Ерастъы бындур æрæвæрдтой дыууæ хъæуæн — Дзæрæстæ (1804 аз), Мусхъæу (1811) æмæ цалдæр хутæрæн: Тускъаты цъай (1837), Елбайты цъай (1840), Гокъинаты цъай (1853), Аркъауты цъай (1876). 1824-æм азы Дзæрæстæ æмæ Мусхъæуы цæрджытæ, «Кавказы хаххыл» службæ кæй кодтой, уымæ гæсгæ сæ хъазахъхъыл ныффыстой æмæ сын сæ хъæуты та схуыдтой станицæтæ. Бирæ фæстæдæр уыцы станицæтæм Уæлладжыры комы цæрæг ирæттæй дæр фæлыгъдысты.
Remove ads
Номхыгъд
- Гуырдзыбеты Бласка
 - Соситы Захар
 - Галаты Барис
 
Кæс ноджы
Фиппаинæгтæ
Литературæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads