Цъайтæ

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Цъайтæ — сæхи афтæ хуыдтой Мæздæджы быдыртæм алидзæг ирæттæ; фæстæдæр уыцы номæй хонын байдыдтой, уым цы фыццаг ирæттæ æрцардис, уыдон дæр. Сæ фылдæр уыдысты Куырттаты комæй æмæ Тæгиаты æхсæнадæй алидзæг ирæттæ.[1]

Истори

Фыццаг ирæттæ — æрлидзджытæ уыцы быдырты фæзындысты 1764-æм азы, Мæздæджы фидары бындурæвæрдæй иу аз фæстæдæр. Афтæ сæ схуыдтой, фидæны æрцæрæнуæтты хутæрты цы цъайтæ къахтой, уыдонмæ гæсгæ. Ирæттæ цæрæнуатæн йæхи хуыдтой цъай, сæхи та — цъайтæ. Фыццаг æрлидзджыты æхсæн фенæн уыдис Цæгат Ирыстоны æппæт кæмттæй рацæуæг минæвæртты; цъайтæ сæ фылдæр уыдысты ирæттæ, фыццаджыдæр, Куырттаты комæй рацæуæг ирæттæ.

ХVIII æнусы чи фæзынд, уыцы фыццаг цъайты (хутæрты) ’хсæн уыдысты:

Цъайтæ цæрæг ирон адæмæн уырыс — Иры ахастдзинæдты рæзты хъуыддаджы уыдис стыр ахадындзинад; уыдон уыдысты Мæздæджы уырысты æмæ хæхбæсты цæрæг ирон адæмы кæрæдзийыл чи баста, ахæм сæйраг бæттæг цæг: ХVIII-ХIХ æнусы райдайæны ирон адæмы историйы æмæ этнографийы фарстатæм йе ’ргом чи аздæхта, уыцы ныгуылæн европæйаг æмæ уырыссаг ахуыргæндтæ-иу ирон царды хабæрттæ базыдтой Цæгат Ирыстоны алы кæмттæй рацæуæг цъайтæ.

Remove ads

Кæс ноджы

Фиппаинæгтæ

Литературæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads