Стамбул

From Wikipedia, the free encyclopedia

Стамбулmap
Remove ads

Стамбу́л (тур. İstanbul), зындгонд у куыд Константино́поль (гр. Κωνσταντινούπολις) кæнæ Констæнтины (Константины) Сахар[2] кæнæ Ром[3] дæр у Турчы тæккæ дынджырдæр сахар, Византия æмæ Османты империйы кæддæры сæйраг сахар. Цæрынц дзы 15 милуан адæймаджы бæрц, уымæй у Европæйы стырдæр сахар. Стамбул лæууы Босфоры былтыл æмæ у дунейы ахсджиагдæр порттæй иу.

Краткие факты Стамбул, Паддзахад ...

Турчы кæддæры сæйраг сахар, 1923-æм азæй фæстæмæ сси хуымæтæджы сахар (ныр бæстæйы сæйраг сахар у Анкара). Ныры ном (İstanbul) йын официалон æгъдауæй радтой 1930-æм азы.

Remove ads

Стамбулы историон районтæ æмæ сыхтæ

Европæ:

  • Султанахмет
  • Галатæ
  • Бейоглу
  • Бешикташ
  • Вефа
  • Фатих
  • Таксим
  • Лалели
  • Эминёню
  • Сулукуле
  • Долмбахче
  • Айвансарай
  • Касымпаша
  • Джибали
  • Чукурджума
  • Каракёй
  • Зейрек
  • Кабаташ
  • Фенер
  • Балат
  • Эйюп
  • Ортакёй
  • Влахерны
  • Бебек

Ази:

Зонад æмæ ахуырад

Стамбул у Турчы зонадон центр. Сахары мидаг ис цалдæр паддзахадон университеты, уыдоны ’хсæн сты: Стамбулы университет, Стамбулы техникон университет, Мармарæ æмæ Богазичийы университет. Стæй ма Стамбулы ис Стамбулы экономикæйы академи, Уæлдæр техникон скъола, Аивады академи, Стамбулы консерватори æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæ.

Сахары архайынц цалдæр зонадон æхсæнады: Турчы медицинон æхсæнад, Турчы биологон æхсæнад, Турчы химион æхсæнад. Сахары стырдæр библиотекæтæ сты Стамбулы университеты библиотекæ æмæ Стамбулы техникон университеты библиотекæ, Сулейманиейы библиотекæ, Баязиды библиотекæ.

Remove ads

Культурæ

Музейтæ

Сахары сæйрагдæр музейтæ: Æрвхуыз мæзджыт, Сулейманиейы мæзджыт, Сыгъдæг Софияйы Аргъуаны Музей, Стамбулы археологон музей, Нывкæнынад æмæ скульптурæйы музей, Топкапыйы галуаны музей, Мозаикæйы музей, Туркаг æмæ пысылмон культурæйы музей æмæ æндæртæ.

Экономикæ

Стамбул у Турчы экономикон центр æмæ сæйраг индустрион сахар. Паддзахады стырдæр банктæ, фæсарæйнаг æхсæнæдтæ æмæ агенстæдтæ сты Стамбулы.

Цæрджытæ

Сæйраг уац: Стамбулы цæрджытæ

Стамбул у Европæйы стырдæр сахар. Сахары цæрынц 15 млн. адæймаджы.

Подробнее Аз, Цæрджытæ ...
Подробнее Аз, Цæрджытæ ...
Подробнее Аз, Цæрджытæ ...
Подробнее Аз, Цæрджытæ ...
Remove ads

Транспорт

Стамбул у Турчы стырдæр транспортон æлхынцъ. Ис дзы дыууæ æхсæнадæмон аэропорты — Ататюрчы аэропорт (IST) (Atatürk International Airport) æмæ Сабиха Гёкчены номыл аэропорт (SAW) (Sabiha Gökçen International Airport).

Стамбулы кусы метрополитен.

Thumb
Метрополитены станцæ

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads