Лалели

From Wikipedia, the free encyclopedia

Лалели
Remove ads

Лалели у Стамбулы европæйаг хайы сыхтæй иу, Фатихы районы. Зындгонд у куыд егъау базар, кæцыйы Уæрæсейы æмæ æндæр раздæры советон республикæты уæйгæнджытæ æлхæнынц дарæс æмæ æндæр товартæ. Бынæттон уæйгæнджытæй бирæтæ дзурынц уырыссагау кæнæ, уырыссагау чи дзуры, ахæм кусджыты æххуырсынц (сæ фылдæр Украинæ æмæ Молдавийæ). Уынгты ис бирæ фыстытæ æмæ рекламæтæ уырыссаг æвзагыл.

Thumb
Лалели. Уырыссаг фыстытæ
Thumb
Лалелийы бирæ уазæгдзæрæнтæй иу

Лалелийы ис бирæ чысылдæр æртæстъалыджын уазæгдзæрæнтæ. Цыбыр туры цы туристтæ æрбацæуынц Стамбулмæ (Болгарийы курорттæй æмæ æндæр рæттæй), уыдоны дæр æрцæрын кæнынц-иу Лалелийы уазæгдзæрæнты.


Remove ads
Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads