Найроби
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Найро́би [naɪˈɹoʊbi] (англ. æмæ суахили Nairobi) у Кенийы сæйраг сахар æмæ ацы бæстæйы стырдæр сахар цæрджыты нымæцмæ гæсгæ. Æдæппæт дзы цæрынц 4,4 милуан адæймаджы 2019-æм азы сфыстмæ гæсгæ, сахармæ хæстæг цы æндæр цæрæнрæттæ ис, уыдонимæ цæрджыты нымæц дæс милуанмæ схæццæ вæййы.
Найроби æрбынат кодта Кенийы хуссар-астæуккаг хай, лæууы денджызы æмвæзадæй 1795 метры бæрзæндыл (абарынæн Дзæуджыхъæу у уымæй мин метры дæлдæр). Бæрзондыл кæй лæууы, уый тыххæй йæ боныхъæд у ромыл, рæстæмбис температурæ у 22-26 градусы хъарм афæдзы алы мæй дæр. Апрел æмæ майы арæх фæуары къæвда.
Сахары бындур сæвæрдтой бритайнаг колонизатортæ 1899-æм азы, раздæр цъымара кæм уыд, ахæм бынаты, Угандæйы денджызырдæм æфсæнвæндаг куы аразтой, уæд. Тагъд рæстæджы сахар сси Момбасæйæ ахсджиагдæр æмæ Кенийы сæйраг сахары бынат бацахста 1907-æм азы.
Найроби у Африкæ æмæ æппæт дунейы ахсджиагдæр сахартæй иу. Уым ис Иугонд Нациты Организацийы дыууæ дæлхайады — UN Environment æмæ UNON (ИНО-йы Найробийы офис). Кусы дзы ахсджиаг биржæ NSE, Африкæйы цыппæрæм уæйты нымæцмæ гæсгæ. Найробийы кусынц цалдæр университеты, уыдонæй стырдæр æмæ зæронддæр у Найробийы университет, уым ахуыр кæнынц 80 мин студентæй фылдæр.
2021-æм азы Найробийæн радтой Африкæйы хуыздæр сахары кадджын ном.
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads