Немыцаг адæм

From Wikipedia, the free encyclopedia

Немыцаг адæм
Remove ads

Немыцаг адæм кæнæ немыц (нем. Deutsche, ˈdɔɪ̯t͡ʃə) у гермайнаг адæмтæй стырдæр æмæ зынгæдæр, сæхи хонынц die Deutschen /ди дойчен/, дзурынц немыцаг æвзагыл. Немыцæгты нымæц хæццæ кæны 100 милуанмæ, сæ фылдæр цæрынц Германы.

Краткие факты Немыц, Хином ...

Историон хицæндзинæдты фæрцы (иумæйаг паддзахад сын æрæджы кæй фæзынди, уый тыххæй) немыцаг адæмы мидæг ис бирæ хигъæдон этникон къордтæ. Зæгъæм, сæ динмæ гæсгæ немыц сты дихгонд — уыдоны ’хсæн ис бирæ католиктæ æмæ бирæ протестанттæ.

Дзæвгæр немыц цæрынц Бельгийы (70 мины бæрц, ис сæм автономи), Венгрийы, Данийы, Италийы, Польшæйы, Румынийы (румынаг немыцæгтæ), Словакийы, Францы, Чехийы, Уæрæсе æмæ Хъазахстаны (афтæ хуынд уырыссаг немыцæгтæ). Европæйы æдде — АИШ æмæ Намибийы.

Австрийы, Швейцарийы, Люксембург æмæ Лихтенштейны немыцагау дзурæг адæмæй чи цæры, уыдонæй сæ фылдæр сæхи нымайынц немыцæгтыл нæ, фæлæ австрийæгтыл, швейцарийæгтыл æмæ афтæ дарддæр.


Remove ads
Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads