Париж
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Париж (фр. Paris) у Францы сæйраг сахар, уыцы бæстæйы ахсджиагдæр экономикæ æмæ культурæйы артдзæст. Сахар æрбынат кодта цæугæдон Сенæйы былгæрæтты, Францы цæгаты.
Сахары тынг бирæ фенддæгтæ ис, бирæ туристтæ æрбацæуынц уырдæм æрвылаз. Зындгонддæр фенддæгтæ сты Лувр æмæ Эйфелы мæсыг.
XX æнусы Парижы æрцардысты, Октябры революцийы фæстæ Уæрæсейæ чи ралыгъди, уыдонæн сæ фылдæр. Уыцы лигъдæтты хонынц урс эмиграци.
Remove ads
Ахуырдзинад æмæ зонад

Авторитетджындæр Францы ахуыры уагдæттæ сты сæ сæйраг сахары. Париж фыццаг бынат ахсы дунейы студентон сахарты рейтинджы.[4]
Сорбоннæ, Парижы зынгонддæр университет, бындур æрæвард æрцыдис 1257-æм азы Роберы де Сорбон фæрцы, цæмæй цалдæр дæсой мæгуыр студентты сахуыр кæной теологи[5]. Тагъд рæстæджы университет сси Францы егъаудæр ахуыры уагдон. Сорбоннæйы алыварс сæвзæрд Номдзыд Латинаг квартал.

Парижы ноджы дæр сты Коллеж де Франс, Политехникон скъола, Бæрзонддæр нормалон скъола, Католикон институт, Хохы институт æмæ Управленийы националон институт.
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads