Пысылмон дин

From Wikipedia, the free encyclopedia

Пысылмон дин
Remove ads

Пысылмон дин[1], дыгур. пусулмон дин (Ислам дæр, арабб. الإسلام) у дунеон динтæй иу. Чырыстон дин æмæ иудаизмы иумæ пысылмон дин сты авраамон динтæ. Йæ бындурæвæрæг у Хуыцауы пехуымпар Мæхæмæт. Пысылмон дины сыгъдæг чиныг у Хъуыран. Пысылмæттæ хъуамæ æрвылбон фондз хатты кæной ламаз. Цæмæй пысылмон суай, уый тыххæй хъæуы зæгъын шахадæ.

Чырыстон дины Хуыцауы фырт Йесо Чырысти пысылмон дины у пехуымпар.

Цæгат Кавказы адæмты фылдæр хай сты пысылмæттæ.

Thumb
Мысыры мæзджыт
Thumb
Пысылмон дины ахæлиу
Remove ads

Пысылмон дин Ирыстоны

Ирæтты иу хай (уæлдайдæр дыгурæттæ) сты пысылмæттæ, фæлæ уыдоны ’хсæн бирæ сæхи пысылмæттыл нымайынц æрмæст традицимæ гæсгæ: ламаз нæ кæнынц, мæзджытмæ нæ цæуынц. Пысылмон хъæутæ Ирыстоны сты Зилгæ, Елхот, Цыкола, Заманхъул æмæ æндæртæ.[2]

Кæс ноджы

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads