Сантæ-Катаринæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Сантæ-Катаринæ (порт. Santa Catarina [ˈsɐ̃ta kataˈɾina]) у штат Бразилийы хуссары. Цæрыны стандарттæ дзы сты бæстæйы бæрзонддæртæй иу. Штаты сæйраг сахар у Флорианополис, уый лæууы Сантæ-Катаринæйы сакъадахыл. Сыхагон штаттæ сты Риу-Гранди-ду-Сул хуссары æмæ Парана цæгаты. Штаты скæсæны арæн у Атлантикон фурды был, ныгуылæны та — Аргентинæйы провинци Мисьонес.
Сантæ-Катаринæйы цæрджытæй фылдæр сты, Португали, Герман æмæ Италийæ чи æрбалыгъдысты, уыцы адæмы фæдонтæ. Гермайнаг тæваг Сантæ-Катаринæйы у цæстуынгæ. Гермайнагау хуынд сахар Блуменауы æрвылаз бæрæг кæнынц Октоберфест — æмæ, дам, у дунейы дыккаг стырдæр ахæм фестиваль.
2008-æм азы барæггæнæнтæм гæсгæ, штаты цæрынц 6,1 милуан адæймаджы (61,53 алы квадратон километры), сæ нымæц рæзы. Сантæ-Катаринæйы цæрджытæй сæ фылдæр (82,5%) цæрынц сахарты. Сæ расæмæ гæсгæ 86,6% сты урс, 9,4% — пардо («морæхуыз»), 3,6% — сау[3].
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads