Сливен
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Сливен (болг. Сливен) у Болгарийы сахар, Сливены облæст æмæ хъæубæстæйы административон центр. Цæрынц дзы 102 830 адæймаджы[3], уымæй у Болгарийы 8-æм стырдæр сахар.
Remove ads
Политикон ситуаци
2003-æм азæй Сливены хъæубæстæйы кмет (сæргълæууæг) уыд раздæры зындгонд футболист Йордан Лечков (Æмбæстæгтæ Болгарийы европæйаг рапарахат кæнынмæ), ныры кмет у Стефан Радев.
Этникон сконд
Кæд сахары цæрджытæй фылдæр хай болгайрæгтæ сты, ис дзы æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр: туркæгтæ, цигайнæгтæ, уырыссæгтæ.
Æрвылаз Сливены æрцæуы каракачайнаг адæмы æмбырд. Уыдон сты бердзенагау дзурæг чысыл адæм (11 мины бæрц Гречъы цæгаты, 4 мины — Болгарийы скæсæны).
Экономикæ
Сахары уадзынц сæн, текстиль, хæдтулгæтæн хæйттæ.
Æфсымæрон сахартæ
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads