Суантæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Суантæ (уырыс. Суановы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
Цардысты Туалгомы, Тлийы хъæуы. Уырдæм æрбафтыдысты Уæлладжыры комы Ксуртæй. Уым Суанæн уыд æртæ æфсымæры — Дауыр, Мысык æмæ Цæллаг. Зæххæй бынтон мæгуыр кæй уыд Ксурт, уый тыххæй дзы цыппар æфсымæры дæр фæлыгъдысты. Суан æрбынат кодта Туалгомы — Тлийы, Дауыратæ — Дæргъæвсгомы, Цæллагтæ — Дæллаг Уыналы, Мысыккатæ быдыры хъæуты. Тлийы Суантæй иу — Зæгъой — алыгъд Хуссар Ирмæ æмæ Хъемултайы хъæуы æрцард, кæм æрцард, уыцы хъæуы ном баззад Тлийæ. Фæстагмæ Тлийы Зæгъойтæй фæхицæн сты Пæррæстатæ æмæ æрцардысты æндæр рæтты.[1]
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads