Цæголты Георги
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Цæголты Александры фырт Георги (райгуырдис 1897-æм азы 29 июны Чырыстонхъæуы — амардис 1919-æм азы 29 апрелы) — советон хицæуады сæрвæлтау Кавказы чи хæцыди, ахæм ирон революционер, «Кермены партийы» централон комитеты сæргълæууæг.
Remove ads
Цардафыст
Георгийы фыд фыццаг сауджын уыди, фæлæ иу-афон дингæнæджы куыст йæ зæрдæ нал иста, ныууагъта йæ, систа йæ къух сауджыны номыл æмæ куыста ахуыргæнæгæй райдиан скъолайы, стæй йæ бинонтæ дарыны охыл кодта зæххы куыст дæр, йæ фыдæлтау.
Георги дæр, йæ фыдау, фыццаг ахуыр кодта дины скъолайы Мæздæджы, стæй бацыд Стъараполы дины семинармæ, фæлæ йæ каст нæ фæци. Рацыд Дзæуджыхъæумæ, уæдмæ йæ мад уырдæм ралыгъд Чырыстонхъæуæй. Ам йæхицæн цæрыны фæрæзтæ агуырдта сау куыстæй.[2]
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads