Чингисхан

From Wikipedia, the free encyclopedia

Чингисхан
Remove ads

Чингисхан кæнæ Чынгысхан[4] (æцæг ном уыдис Темуджин) (райгуырдис 1162-æм азмæ ’ввæхс — амардис 1227-æм азы 25 августы) — мангойлаг хан, егъау мангойлаг паддзахады бындурæвæрæг.

Краткие факты Чингисхан, Стыр хан ...

1206-æм азы Темуджин сси æппæт монгойлаг знæмты хан, æмæ йын радтой титул Чингисхан. Уыцы аз кæрæдзийы ныхмæ хæцæг мангойлаг адæмы къабазтæ баиу сты æмæ сысты егъау хæстон тых. Чингисхан цы ног закъæттæ сфидар кодта, уыдон хордзинадыл нымадтой иузæрдыгдзинад æмæ хъæбатырдзинад, æвзæрдзинадыл та — тæппуддзинад æмæ гадзрахатдзинад. Уыцы ногконд мораль сси монголаг æнтыстыты бындур.

Remove ads

Чингисхан æмæ Кавказ

Хорезм монголæгты дæлбар куы сси, Чингисхан рарвыста йæ хуыздæр барджыты къорд Джебе æмæ Субедейы разамындæй ныгуылæны зæххытæ басгарынмæ. Мангойлаг барджытæ Къаспы денджызы хуссар былыл æрбацыдысты Фæскавказмæ æмæ уым ныддарæн кодтой гуырдзиаг æфсад (1222). Уый фæстæ æрцыдысты цæгатмæ æмæ уым схæцыдысты иугонд кавказаг æфсадимæ (уыдысты дзы алайнаг, половецаг, лекъаг æмæ черкесаг хæстонтæ). Уыцы тох ницæмæй ахицæн, уæд монгол бацархайдтой хинæй: фæиппард кодтой кавказаг адæмтты æмæ иу иннæйы фæстæ уыдоныл фæуæлахиз. Алайнаг адæмæн уыцы хæст сæ сæфты райдиан баци.

Remove ads

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads