Ачъар
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Ачъар[3] кæнæ Ачъара[4][5] , Аджари (гуырдз. აჭარა), официалон ном у Ачъары Автономон Республикæ (гуырдз. აჭარის ავტონომიური რესპუბლიკა) у историон, географион æмæ административон бæстæ Гуырдзыстоны хуссар-ныгуылæны. Ныры Гуырдзыстоны Ачъар у автономон республикæ. Йæ сæйраг сахар у Батум.
Remove ads
Географи

Хуссарырдыгæй Ачъары ис арæн Туркимæ (йæ даргъ у 121 км), ныгуылæнырдæгæй — Сау денджыз. Ачъары æдæппæт фæзуат у 2,9 мин квадратон километры, цæрджыты нымæц — 330 минæй фылдæр. Æрдзон æууæлтæм гæсгæ Ачъар дих кæнынц дыууæ хайыл: денджызгæрон æмæ хæххон Ачъар.
Æппæт Ачъары цæугæдæттæ калынц Сау денджызмæ, уыдонæй сæ хъомысджындæр у Чъорох. Хъæд æмбæрзы Ачъары фæзуаты 65,1 %, уый у дунейы æмæ Гуырдзыстоны рæстæмбис хъæды процентæй бирæ фылдæр (дунейы сурзæххы 27 % у хъæд, Гуырдзыстоны та — 39 %).
Бæстыхъæд
Денджызгæроны Ачъарæн ис уымæл субтропикон бæстыхъæд, рæстæмбис температурæ +14,5 градусы хъарм, январы та æрмæстдæр +6,5 градусы. Арæх дзы уары къæвда (2500 мм афæдзы дæргъы), фæлæ ис бирæ хурбонтæ.
Хæххон Ачъармæ Сау денджыз къаддæр тæваг дары, уæлдæф дзы хусдæр у. Хохы бæрзæндтæ сты 3500 м онг, Годерсы æфцæгыл (2025 м) цæуы фæндаг Батум — Ахалцихе.
Къахинæгтæ
Ачъары ис æрхуы æмæ æндæр згъæрты æрзæт, суартæ, алыхуызон æрмæджытæ арæзтадæн (базальт, сиенит, дацит, змис). Сау денджызы бын ссарæн ис нефт æмæ газы гуырæнтæ.
Remove ads
Цæрджытæ
2018-æм азы 1 январмæ гæсгæ Ачъары цæрджыты нымæц уыдис 346 300 адæймаджы[6], 2014-æм азы 1 январмæ — 396 600 адæймаджы[7]
2014-æм азы Гуырдзыстоны цы цæрджыты сфыст æрцыд, уымæ гæсгæ та Ачъары цардысты 333 953 адæймаджы[8], 2002-æм азы сфыстмæ гæсгæ та — 376 016 адæймаджы (уыдонæй 93,4 % — гуырдзы (ачъайрæгтæ), 2,4 % — уырыс, 2,3 % — сомих, 0,6 % — грекъæгтæ, 0,4 % — абхазæгтæ, 0,9 % — æндæртæ). 1989-æм азы (фæстаг советон) сфыстмæ гæсгæ националон сконд уыдис ахæм: гуырдзы — 82,8 %, уырыс — 7,7 %, сомих — 4,0 %, иннæтæ — 5,5 %[9].
Ачъайрæгтæ куыд хицæн этнос рахицæн кодтой XV-XIX æнусты, Османты империйы мидæг пысылмон дин чи райстой, уыцы гуырдзиæгты бындурыл. Ачъар Уæрæсейы империмæ куы бахауд 1878-æм азы, уыцы къорд бынтон нæма стурк сты, æмæ сæ тюркизацийы процесс баурæдæуыд. 1926-æм азы онг ачъайрæгты хуыдтой æнæуи гуырдзиаг пысылмæттæ. 1926-æм азы цæрджыты сфысты рæстæг советон хицауад банымæдта 71 498 ачъайраджы. Фæстæдæр та сæ гуырдзыйæ нæ хицæн кодтой æмæ сфыстыты сæ нæ нымæдтой, Ачъары автономи та фæзындис æрмæстдæр Туркимæ бадзырдмæ гæсгæ.
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads