Барзыхъæу

From Wikipedia, the free encyclopedia

Барзыхъæуmap
Remove ads

Барзыхъæу[2] (уырыс. Барзикау) у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Барзыхъæу æрбынат кодта Фыййагдоны рахизфарс, ныры Уæллаг Фыййагдонæй чысыл цæгатырдæмдæр.

Краткие факты Барзыхъæу, Паддзахад ...

1854-æм азы ам уыдис 22 хæдзары æмæ 242 цæрæджы. Хъæуы цæрджытæ фыццагдæр кодтой æмæ ныр дæр кæнынц фосдарыны æмæ цæхæрадæтты куыст. Раджы заманæй ма хъæуы баззадис 6 мæсыджы, 4 зæппадзы, 3 уæлмæрды æмæ 2 кувæндоны.

Сæ иуы æрбынат кодта фæсивæдон центр «Фыранк».

Remove ads

Мыггæгтæ

Барзыхъæуы цардысты Биджелтæ, Гæбуатæ, Гуыриатæ, Гæджынатæ, Джелытæ, Дзодзиатæ, Датъритæ, Парсиатæ, Тохтиатæ, Хæдарцатæ.[3]

Фенддæгтæ

Thumb
Цырт Куырттаты комы

Барзыхъæуы зындгонддæр цыртдзæвæнтæй иу у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфтис, уыцы хæстонты номыл. Цыртдзæвæн æвæрд æрцыдис хъæуы сæрмæ гыццыл обауыл. Скодта йæ скульптор Цорæты Дауырбег. Куырттаты комы цæрджытæй йын уыдис æххусгæнджытæ. Уыдонæй уæлдай æнувыддæрæй бакуыстой Хъуыбадты Джерихан, Гуыриаты Умар æмæ Циппус.[4]

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads