Грозна
сахар Уæрæсейы From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Грозна (цæц. Соьлжа-ГIала: «Сунжæйы сахар», уырыс. Грозный) у Уæрæсейы сахар, Цæцæны Республикæйы сæйраг сахар. Цæрынц дзы 291,7 мин адæймаджы (2017). Сахар лæууы цæугæдон Сунжæйы фæйнæфарс.
Remove ads
Истори
Сахар райрæзтис, йæ бынаты цы Грознайы фидар уыдис, уыцы ран. Фидарæн та йæ бындур æрæвæрдта инæлар Ермолов 1818-æм азы. Службæ дзы кодтой Лев Толстой æмæ Михаил Лермонтов. 1893-æм азы Грознайы цур райдыдтой нефт къахын, æмæ сахар сси ахсджиаг индустрион центр.
Цæцæны быцæуы рæстæг сахар стыр зиан баййæфта (1994, 1996 æмæ 1999 азты). Ныр та йæ ногæй рацаразынц.
2007-æм азы мартъийæ сахары администрацийы хицау у Муслим Хучиев, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæцæны хайады сæргълæууæг.
2008-æм азы октябры Грознайы байгом Европæйы стырдæр мæзджыт — «Цæцæны зæрдæ». Мæзджыт хæссы президент Ахмат Кадыровы ном. Мæзджыты аразынæн стыр æххуыс кодтой туркæгтæ: йæ къултæ сты туркаг мармæрæй æмбæрзт, мидæгæй дзы ис туркаг фирмæ «Устун Авизе»-йы конд 36 люстрæйы. Мæзджыт цы зæхх ахсы, уымæн йæ фæзуат у 14 гектары.
Remove ads
Æфсымæрон сахартæ
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads