Даредзантæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Даредзантæ сты Даредзанты таурæгъты сæйраг æвæрццæг хъæбатырты мыггаг. Даредзанты таурæгътæ, Нарты кадджытау, ирон адæмæн хорз зындгонд сты куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр.
Даредзантæ сты цуанæттæ, цæрынц сырды фыдæй. Сæ цот бон рæзы уыдисн, æхсæв — уылынг. Даредзантæ бынсæфт фесты авдсæрон уæйыджы æлгъыстæй. Даредзанты Домбай йын йæ æхсæз сæры куы акъуырдта, уæд ма уæйыг куырдта, цæмæй ма йын æвдæм ныууадза. Даредзантæ ууыл куы нæ сразы сты, уæд сæ ралгъыста: «Хæрзсæфт фæут, Даредзантæ, уæ мыггагæй иу дæр куыд нал баззайа». Уæйгуыты æлгъыст цæуаг уыд, Даредзантыл дæр æрцыд, æмæ быныскъуыд фесты[1].
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads