Лазартæ

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Лазартæ (уырыс. Лазаровы, гуырдз. ლაზარაშვილი) сты ирон мыггаг.[1][2]

Мыггаджы равзæрд

Рагзаманты Уæлладжыры комы цардысты дыууӕ ӕфсымӕры – Лазар ӕмӕ Ӕлбор. Фӕтуджджын сты ӕмӕ сӕ фыды хӕдзарӕй фӕцыдысты. Ӕлборы йӕ хъысмӕт ахуыдта Кавказы хохы рагъы иннӕ фарсмӕ — Хуссар Ирыстонмæ, уым Ӕлборӕй рацыд Ӕлборты мыггаг, сты Лазартимӕ ӕрвадӕлтӕ. Лазар та ӕрбынат кодта Цӕгат Ирыстоны Куырттаты комы. Уым сӕвӕрдта бындур хъӕуӕн, фӕстӕдӕр ӕй схуыдтой Хохы Къора.

Номдзыд адæм

  • Лазарты Амырхан, Солтæнбеджы фырт — æхсæнадон иугонд «Лазартæ»-йы сæрдар.
  • Лазарты Аслæнбег, Дзамболаты фырт (1872–1944) — Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндагы станцæйы хицау, Ирыстоны фыццаг “Социалистон фæллойы хъæбатыр”.
  • Лазарты Барис, Æхсарбеджы фырт — экономикон зонæдты кандидат.
  • Лазарты Эльвирæ, Тамерланы чызг — историон зонæдты кандидат.

Фиппаинæгтæ

Æддаг æрмæг

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads