Сæрмæттæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Сæрмæттæ (рагон грекъ. Σαρμάται, лат. Sarmatae) уыдысты ирайнаг æвзагыл дзурæг цæугæцардгæнæг знæмтæ, скифаг культурæтæй иу, ирон адæмы рагфыдæлтæ.
Бæрæг сæрмæттаг знæмты ’хсæн уыдысты: аорстæ, языгтæ, сирактæ, алантæ, роксолантæ.
Геродотмæ гæсгæ нæ эрæйы агъоммæ V æнусы сæрмæттæ цардысты Донæй скæсæнырдæм. Рагон грекъаг автортæ дис кодтой, сæрмæтаг устытæ хæцынхъом кæй уыдысты, ууыл.
Иуæй-иу ахуыргæндтæм гæсгæ гунты бабырсты фæстæ рагастæузаманы сæрмæтты стыр хай славяйнаг культурæ æмæ æвзаг райстой[1]. Сæрмæттæм чи бавæййы, ахæм иу къорд — ома алантæ — баззадис Цæгат Кавказмæ ’ввахс быдырты æмæ дзы сарæзтой Аланийы паддзахад[2].
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Литературæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads