Уæлладжыргом

From Wikipedia, the free encyclopedia

Уæлладжыргом
Remove ads

Уæлладжыргом, Уæлладжыры ком, Уæлладжыр ис Цæгат Ирыстоны, цæугæдон Æрыдоны дæргъмæ. Уыцы комы цæуы Уæлладжыры фæндаг, ис дзы ирон адæмы истори æмæ культурæйы фенддæгтæ.

Краткие факты Уæлладжыргом, Картæ ...

Географи

Уæлладжыргом райдыдта Алагиры сæрмæ æмæ фæци Буроны.

Уæлладжыры æхсæнад

Уæлладжыры æхсæнад у Цæгат Ирыстоны æхсæнадæй иу. Уæлладжырæгты скæсæйнаг сыхæгтæ сты куырттатæгтæ, ныгуылæйнаг сыхæгтæ — дыгур, сæ хуссайраг сыхæгтæ та — туалтæ. Уæлладжыры æхсæнад Ирыстоны нымад уыдис æппæты рагондæр æхсæнадыл. Адæмон таурæгътæм гæсгæ, иннæ ирон æхсæнадты бындурæвæрджытæ сты Уæлладжыры æхсæнадæй рацæугæ. Фыдæлты таурæгътæм гæсгæ, фæстæдæр æгас Ирыстоныл чи апырх æмæ йæ алы къуымты чи æрцарди, уыцы рагфыдæлтæ рацыдысты ирон адæмы рагфыдæл Ос-Бæгъатырæй æмæ хæссынц йæ фыртты — Сидæмон, Цæразон, Кусæгон, Цъæхилон æмæ Æгъуызы нæмттæ.[1]

Remove ads

Кæс ма ноджы

Фиппаинæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads