Хъуызелтæ

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Хъуызелтæ кæнæ Хъужелтæ (уырыс. Кужеловы, Кузеловы) сты дыгурон мыггаг.

Равзурд

Иу лæг, дам, йæ ном Хъуызел, кæддæр Асыйæ Доныфарсмæ æрбалыгъд. Ам йæ номæй мыггаг скодта — Хъуызелтæ. Райгуырд сын фырт — Налухъ. Цыбыр рæстæгмæ Налухъæн йæ мад æмæ фыд амардысты æмæ йæ цæрæнбынат Доныфарсæй Дзинагъамæ аивта. Ракуырдта ус Къостанты чызджы. Райгуырд сын дыууæ чызджы. Налухъы чидæр амардта æмæ йæ ус — Къостанон дыккаг хатт лæгмæ æрцыд Найфонты Буцомæ, райгуырд сын фырт — Хъурман. Уый йæ фыды мыггагæй нæ хуыдтой, хуыдтой йæ Хъуызелтæй. Кæд Хъурман райгуырд Найфонты Буцойæ, йæ мад та уыд Къостантæй, Хъуызелтæ йын тугæй хæстæг не сты, уæддæр Хъурман, йæ фырт Берди, уый фырттæ æмæ фырты фырттæ, уыдон цæуæт сæ мыггаг нымайынц Хъуызелтæй.[1]

Remove ads

Феппайуйнæгтæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads