Азербайджан
From Wikipedia, the free encyclopedia
Азербайджа́н (азерб. Azərbaycan) у паддзахад Фæскавказы, Къаспы денджызы былгæрон, кæддæры Советон Цæдисы республикæ. Йæ сæйраг сахар у Баку. Кæд географийы цæстæнгасæй Фæскавказ Азимæ хауы, Азербайджан йæхи европæйаг паддзахадыл нымайы (Сомих æмæ Гуырдзыстоны дæр афтæ кæнынц).
Азербайджаны Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
Azərbaycan Respublikası | |||||
| |||||
Девиз: «Odlar Yurdu (Æртыты бæстæ)» | |||||
Гимн: «Azərbaycan Marşı!» | |||||
Официалон æвзаг | азербайджайнаг | ||||
Сæйраг сахар | Баку | ||||
Стырдæр сахартæ | Баку, Гандза, Нахичевань | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 86 600 км² | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | 9 593 000 ад. | ||||
• Æнгомад | 109 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2011) | 94,318 млрд.[1] долл. | ||||
Валютæ | манат | ||||
Интернет-домен | .az | ||||
Код ISO | AZ | ||||
ÆОК-ы код | AZE | ||||
Телефонон код | +994 | ||||
Сахатон таг | +4 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Уæрæсейы империйы фехæлды фæстæ Азербайджан сси пысылмон дунейы фыццаг паддзахад, кæцыйæн дин йæ бындурыл нæ уыд. Уый бацыд Сомих æмæ Гуырдзостонимæ цæдисон паддзахадмæ — Фæскавказы комиссариат, зæгъгæ — фæлæ дыууæ азы фæстæ республикæтæ ахицæн сты. Советон хицауад Фæскавказы куы ныффидар, азербайджайнаг зæххыты уыдысты Фæскавказы федеративон республикæйы сконды 1936-æм азы онг. 1936-æм азæй 1991-æм азы онг Азербайджан уыд фынддæс советон республикæйæ иу.
Азербайджан у Хæдбар Паддзахæдты Æмбалады уæнг 1993-æм азæй. Уый у Европæйы советы уæнг 2001-æм азæй[2]. Кæд бæстæйы уагдæттæ демократон хуызы сты, Азербайджан нымад у авторитарон паддзахадыл.