From Wikipedia, the free encyclopedia
Дзæуджыхъæу, дыгур. Дзæуæгигъæу (уырыс. Владикавказ) у Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар. Цæрынц дзы 293 мин адæймагæй фылдæр (республикæйы цæрджытæй се ’мбис).
Сахар | |||
Дзæуджыхъæу | |||
---|---|---|---|
дыгур. Дзæуæгигъæу уырыс. Владикавказ | |||
|
|||
43°01′00″ с. ш. 44°39′00″ в. д.HGЯO | |||
Паддзахад | Уæрæсе | ||
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон | ||
Сахары зылд | Дзæуджыхъæу | ||
Мидæг дих | 4 муниципалон районы | ||
Истори æмæ географи | |||
Бындурæвæрд | 1784 | ||
Раздæры нæмттæ |
1931 азы агъоммæ — Владикавказ 1944 азы агъоммæ — Орджоникидзе 1954 азы агъоммæ — Дзауджикау 1990 азы агъоммæ — Орджоникидзе |
||
Сахар кæдæй | 1860 | ||
Фæзуат | 291 км² | ||
Центры бæрзæнд | 700 м | ||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||
Цæрджытæ | |||
Цæрджытæ | ↘292 886[1] адæймаджы (2023) | ||
Национ сконд | ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ æмæ ин. | ||
Цифрон идентификатортæ | |||
Телефонон код | +7 8672 | ||
Посты индекстæ | 362000 | ||
Автомобилон код | 15 | ||
vladikavkaz-osetia.ru(уырыс.) | |||
|
|||
Викикъæбицы медиа |
Сахары бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг у Милдзыхты Вячеслав.
Уырыссагау Дзæуджыхъæу у Владикавказ, ома «Кавказы хицауиуæггæнæг сахар».
Ирон ном йæн сæвæрдтой Быгъуылты Дзæуыгæй номæн, таурæгъмæ гæсгæ уый у Дзæуджыхъæуы бындурæвæрæг.
Советон рæстæджы, 1931-1944 æмæ 1954-1990 азты, уырыссаг æмæ ирон æвзаджы сахар хуындис Орджоникидзе. 1944-1954 азты сахары ном уыдис Дзæуджыхъæу (уырыссагау дæр — уырыс. Дзауджикау). 1990-æм азы 20 июлы, «Цæгат Ирыстоны АССР-ы Паддзахадон суверенитеты тыххæй деклараци»-мæ гæсгæ горатæн раздæхтой йæ раздæры нæмттæ: Дзæуджыхъæу иронау æмæ Владикавказ уырыссагау.
Дзæуджыхъæуы мæхъхъæлон ном у Буро.
Уырыссаг фидар Владикавказ бындурæвæрæд æрцыд 1784-æм азы ирон хъæу Дзæуджыхъæуы фарс (æндæр верситæм гæсгæ мæхъхъæлон хъæу Зауры фарс), куыд фидар Арвыкомы мидæгмæ. Сахары статус радтой 1861-æм азы. 1903-æм азмæ уый ахста 740 дæсæтины фæзуат, уыдис дзы 103 уынджы, цæрджыты нымæц уыд 53 минæй фылдæр[2].
Дзæуджыхъæуы фидары бындурдзинады иукæны, Уырыс æмæ Гуырдзыйы æхсæн æмбалдзинады рæстæджы. 1783-æм азы 24 июлы Гуымы уыд къухфыст акт Гуырдзыстоны Уырысы хъахъæнæны тыхæй. Уыцы цау бацахста сæйраг пълан фарста Кавказ æмæ Фæскавказ æнцон æмæ æнæфыдбалазон иукæнын. Фидарæн ном радта (ус-паддзах) иператрицæ Цытджын Екатеринæ. Дзæуджыхъæуы чырыстон сыгъдæгдзинад æрцыд 1784-æм азы 6 майы.
Бахъахъахъæнæн хаххы æвæрд Мæздæгæй Кавказмæ февзæрын тынг æнææхцондзинад хохæгты хаймæ, уымæн æмæ уый дих кодтата фæндаг, кæцыйыл уыдон истон Гуырдзыстонæй ахстоныбадæгты æмæ цæ хизын кодта уæймæ Эндеримæ æмæ Анапæмæ.
1785 азы феæвзæрд Кавказаг рæнхъы арв-нæрæн, хохæгтæ арæхтæр байдыдтой фыдми бабырстытæ фидармæ. Мæздæгæй Дзæуджыхъæумæ гарнизоны нæ уыдысты амал бахъахъæнын Гуырдзыйы фæндаг фыдми бабырстытæй.
Фидар бынат базонæн уыд нырыккон агъуызттытимæ Хицауады хæдзар, 5-æм скъола-гимназ, Пушкины скверæй, Сæрибары фæзæй æмæ иннæ уынгтæй.
Фидар йæ алфамбылай æмæ йæ цæрджыты нымæц стыр æмæ парахтдæр кодта уæдæй раразмæ уæкæнын хъуыддаг, æмæ уæйкæнын адæмы хонын байдыта.
Дзæуджыхъæуы æддаг хуыз ивын райдыдта, фæзындысты дзы афицерты, мещанты, æлхæнджыты рæсугъд хæдзæрттæ.
1861 азы 31 мартъийы Дзæуджыхъæу райста сахары статус æмæ тагъд рæстæджы сси Терчы облæсты административон центр (1863).
Ам дæр æрбынат кодта къæнцылар, Терчы хъазахъхъаг хæстонады атам. Сахары размæцæуынæн бахуыс 1875 азы йæ кæй ба иуы кодта Ростовимæ æфсæнвæндагимæ.
Алы азты ам Дзæуджыхъæуы цардысты æмæ куыстой Хетæгкаты Къоста, культурæйы архайджытæ, Гæдиаты Секъа, Коцойты Арсен, Тугъанты Махарбег, Вахтангов Евгений. Дзæуджыхъæуы ма уыдысты Уырысы культурæйы стыр архайджытæ Грибоедов, Пушкин, Лермонтов, Толстой, Островский, Чехов, Булгаков, Шаляпин.
1904-æм азы 16 августы скуыста трамвайы фыццаг хахх[2][3].
XX æнусы райдайæны Дзæуджыхъæу у революцион æзмæлынæдты центртæй иу.
Мидхæсты фæстæ цыбыр рæстæгмæ Дзæуджыхъæу уыдис, Терчы облæст æмæ Хъобаны облæсты иу хай чи баиу кодта, уыцы Хохаг Автономон Социалистон Советон Республикæйы сæйраг сахар.
1931-æм азы 2 сентябры сахар райста нæуæг ном — Орджоникидзе, зындгонд революционер Серго Орджоникидзейы кадæн. 1933-æм азы Орджоникидзе сси административон центр Цæгат Ирыстонæн. Сахары уыд лæмбынæг фылдæр индустриалон хайæдтæ, кæцытæ разындысты хъæддых индустриалон базæйæ Цæгат Ирыстонæн æмæ фæтагъд кадрты процесс. 1935 азы 10 ноябры æрцыд бæрæгбонджын гомдзинад Цæгат Ирыстоны драмон театрæн. 1936 - 1941 азмæ сценæйыл æвæрд æрцыд 38 пьесæ, 16 ирон авторы фыстытæй. Сахары сабыр цард хæлд æрцыд хæстæй. Немыц сарæзтой тыхджын группировкæ сахар бацахсынæн.
1942 азы 2 ноябры салдат Пётр Барбашов йæхи буарæй бахкæдта æзнæгты дзоты амбразурæ. Радтой ын Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. Хæсты азты 30 мин Дзæуджыхъæуы цæрæджы скадджын сты ордентæ æмæ майдантæй. Сахар радта паддзахадæн 22 Советон Цæдисы Хъæбатыры æмæ 11 инæлары. Уæрæсейы Федерацийы уынафæмæ гæсгæ 2007 азы 8 октябры Дзæуджыхъæуæн радтой «Хæстон намысы сахар»-ы ном.
Хæсты фæстæ уæлдай лæмбынæг кодтой адæмон ахуырадмæ. Ногæй кусын райдыдтой музейтæ, библиотекæтæ, клубтæ. 1980-азты кæронмæ сахары уыд тыхджын индустрион базæ. Размæ цæуын байдыта машинæамайæнад æмæ згъæркусæн индустри, электрон индустри, машинæты цæлцæг, алыхуызон æмæ химион индустри, хъæд æмбырдкæнæн æмæ амайæн индустри.
Дзæуджыхъæу дихгонд у цыппар районыл:
Цæрджыты нымæц | ||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
1784[4] | 1850[4] | 1859[4] | 1866[4] | 1870[4] | 1878[4] | 1888[4] | 1892[4] | 1894[4] | 1895[4] | 1897[5] |
2036 | ↗3653 | ↗6642 | ↗8000 | ↗10 000 | ↗15 000 | ↗36 961 | ↗45 614 | ↗46 846 | ↘46 531 | ↘44 000 |
1899[4] | 1900[4] | 1901[4] | 1903[4] | 1904[4] | 1906[4] | 1908[4] | 1909[4] | 1910[4] | 1913[6] | 1914[4] |
↗48 109 | ↗49 224 | ↗50 403 | ↗55 429 | ↗58 158 | ↗59 973 | ↗65 808 | ↗71 105 | ↗74 002 | ↗78 400 | ↗79 343 |
1915[4] | 1920[4] | 1923[6] | 1926[7] | 1931[8] | 1933[9] | 1935[4] | 1936[4] | 1937[7] | 1939[10] | 1956[11] |
↘76 983 | ↘61 000 | ↗68 300 | ↗73 599 | ↗89 840 | ↗113 200 | ↗123 264 | ↗130 000 | ↘120 080 | ↗130 755 | ↗159 000 |
1959[12] | 1961[4] | 1962[6] | 1965[4] | 1966[4] | 1967[13] | 1968[4] | 1969[4] | 1970[14] | 1971[4] | 1972[4] |
↗164 420 | ↗182 500 | ↗183 000 | ↗208 000 | ↗212 000 | ↗220 800 | ↗225 100 | ↘225 000 | ↗236 200 | ↗243 000 | ↗252 000 |
1973[6] | 1974[4] | 1975[15] | 1976[16] | 1977[4] | 1978[4] | 1979[17] | 1981[4] | 1982[18] | 1983[4] | 1984[4] |
↗258 000 | ↗265 000 | ↗267 000 | →267 000 | ↗280 900 | ↗286 000 | ↘278 930 | ↗287 400 | ↗292 000 | ↗296 000 | ↗300 000 |
1985[19] | 1986[16] | 1987[20] | 1989[21] | 1990[22] | 1991[16] | 1992[16] | 1993[16] | 1994[16] | 1995[19] | 1996[19] |
↘290 000 | ↗292 000 | ↗313 000 | ↘300 198 | ↗302 000 | ↗306 000 | ↗325 000 | ↘307 000 | ↗311 000 | ↘310 000 | ↗312 000 |
1997[23] | 1998[19] | 1999[24] | 2000[25] | 2001[19] | 2002[26] | 2003[6] | 2004[27] | 2005[28] | 2006[29] | 2007[30] |
↗314 000 | ↘310 000 | ↗310 600 | ↘310 100 | ↗310 600 | ↗315 608 | ↘315 600 | ↘315 000 | ↘314 500 | ↘314 100 | ↘313 800 |
2008[31] | 2009[32] | 2010[33] | 2011[34] | 2012[35] | 2013[36] | 2014[37] | 2015[38] | 2016[39] | 2017[40] | 2018[41] |
↘312 800 | ↘312 427 | ↘311 693 | ↘311 563 | ↘310 070 | ↘308 285 | ↘307 310 | ↗308 190 | ↘307 478 | ↘306 978 | ↘306 258 |
2019[42] | 2020[43] | 2021[44] | 2023[1] | |||||||
↘304 897 | ↘303 597 | ↘295 830 | ↘292 886 |
Адæм | 1897 сфыст | 1926 сфыст | 1939 сфыст | 1959 сфыст | 1970 сфыст | 1979 сфыст | 1989 сфыст | 2002 сфыст | 2010 сфыст | 2021 сфыст1 | ||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | Нымæц | % | |
Ирæттæ | 2916 | 6,7% | 10799 | 14,4% | 22746 | 17,4% | 37731 | 22,9% | 78115 | 33,1% | 110250 | 40,0% | 138769 | 46,5% | 187810 | 59,5% | 196447 | 63,0% | 190755 | 69,4% |
Уырыссагтæ | 28831 | 65,9% | 40209 | 53,4% | 76344 | 58,4% | 97462 | 59,3% | 116692 | 49,4% | 118453 | 42,9% | 108174 | 36,2% | 87073 | 27,6% | 77947 | 25,0% | 60343 | 22,0% |
Сомихагтæ | 2049 | 4,7% | 6529 | 8,7% | 8406 | 6,4% | 9064 | 5,5% | 10321 | 4,4% | 9952 | 3,6% | 10278 | 3,4% | 12267 | 3,9% | 11424 | 3,7% | 7959 | 2,9% |
Гуырдзийæгтæ | 2531 | 5,8% | 5038 | 6,7% | 5502 | 4,2% | 5492 | 3,3% | 7657 | 3,2% | 8745 | 3,2% | 9585 | 3,2% | 7323 | 2,3% | 6035 | 1,9% | 5008 | 1,8% |
Махъхъæлæттæ | 378 | 0,9% | 1517 | 2,0% | 6001 | 4,6% | 649 | 0,4% | 6153 | 2,6% | 7823 | 2,8% | 11566 | 3,9% | 2679 | 0,8% | 3210 | 1,0% | 2109 | 0,8% |
Украинæгтæ | 1439 | 1,1% | 3981 | 5,3% | 3557 | 2,7% | 5082 | 3,1% | 5464 | 2,3% | 7089 | 2,6% | 6170 | 2,1% | 2917 | 0,9% | 1790 | 0,6% | 476 | 0,2% |
Иннæтæ | 5596 | 14,9% | 7202 | 9,5% | 8196 | 6,3% | 8940 | 5,5% | 11798 | 5,0% | 13601 | 4,9% | 14150 | 4,7% | 15539 | 5,0% | 14840 | 4,8% | 8023 | 2,9% |
1 38 082 удгоймаджы сæ нациад нæ загътой. |
Дзæуджыхъæуы ис дыууæ футболон клубы — «Алани» æмæ «Автодор».
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.