Армавир (Уæрæсе)
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Армави́р (уырыс. Армавир) у сахар Уæрæсейы Краснодары крайы. Цæрынц дзы 187,8 мин адæймаджы (2010).
Ацы номæй зындгонд сты æндæр бынæттæ дæр, кæс Армавир.
Æрбынат кодта Краснодары крайы скæсæны, Краснодарæй 202 километры дæрддзæф, Мæскуыйæ та — 1400 км. Æд горæтгæрон хъæууон зылдтæ кæны муниципалон сконд сахар Армавир.
Армавир у Цæгат Кавказы æфсæнвæндагыл ахсджиаг æлхынцъ, кусынц дзы дыууæ станцæйы — Армавир-Ростовский æмæ Армавир-Туапсинский.
Remove ads
Истори
XVIII æнусы райдиан адыгаг адæмты хсæн фидар кæнын байдыдта пысылмон дин. Уыдоны ’хсæн цы сомих цардысты (афтæ хуынд черкес-гайтæ кæнæ хохы сомих), уыдон сæ фыдæлты дин бахъахъхъæныны охыл сфæнд кодтой цæгатырдæм ралидзын — æмæ уый тыххæй хъаст бахастой Хъобаны хаххы хицау инæлæр-майор Г. Х. фон Зассæн: куырдтой цæмæй сын ратта бар уырысимæ æрцæрын æмæ уæрæсейаг граждандзинад райсын[2].
1839 азы черкессаг сомихæгты цæрæнран фæзындис цæугæдон Урупы бакæлæны цур. Ацы аз нымад у ног сахары гуырæнбоныл. Цæрæнран хъахъхъæдта дзыхъхъ æмæ сыджыт-быру[2]. Райдиæн азты хъæуы цардысты 120 мыггаджы, фæлæ сæ нымæц рæзыдис, ног мыггæгтæ-иу æрлыгъдысты æмæ 1840-æм азмæ 400 мыггаджы уыдысты.
Кæд æмæ уыцы сомихæгты фыдæлтæ Сомихæй XIV æнусы ралыгъдысты, уæддæр хорз хъуыды кодтой чи сты æмæ кæцæй ралыгъдысты. Уый тыххæй сæ ног цæрæнран схуыдтой Армваир — рагон сомихаг сахары кадæн, нæ эрæйы агъоммæ Айрараты паддзахады сæйраг сахар чи уыдис.
1875 азы Армавирмæ бацыдис Владикавказы æфсæнвæндаг. 1908-æм азы аразын байдыдтой Туапсемæ æфсæнвæндаг дæр. 1914 азы Министрты советы уынаффæмæ гæсгæ Армавирæн радтой сахары статус.
Мидхæсты заман сахары власт æртæ хатты фæивта[2]. Бынæттон советон хицæуад уагъта йæхи валютæ — Армавиры сом.
Черкесты ’хсæн Армавир æндæр номæй дæр у зындгонд, Ермэлхьабл зæгъгæ, ома «сомихаг хъæу»[3].
Remove ads
Цæрджытæ
- Национал сконд
Æппæтуæрæсейон адæмы сфыстмæ гæсгæ (2010) сахары цæрынц[4]
Remove ads
Географи
Армавир у Краснодары крайы æппæты скæсæйнаг сахар, лæууы Хъобаны галиу фарсыл, уыцы цæугæдонмæ Уарыпп кæм æфтауы, уыцы ран.
Экономикæ
Армавиры кусы хъармы электростанцæ. Ис резинæйæ конд дзауматы завод, бирæ рог æмæ хæринаггæнæг индустрийы куыстуæттæ.
Йæхи аэропорт сахары нæй, фæлæ цæрджыты бон у æндæр аэропорттæй атæхын кæмфæндыдæр — Стъараполы аэропорт у 110 км дæрддзæф, Краснодары аэропорт — 200 км.
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads
