Бургас

From Wikipedia, the free encyclopedia

Бургасmap
Remove ads

Бургас (болг. Бургас, гр. ΠυργοςПиргос) у Болгарийы денджызы былгæроны дыккаг стырдæр сахар (Варнæйы фæстæ) æмæ бæстæйы цыппæрæм. Йе ’мном облæст æмæ хъæубæстæйы административон центр. Цæрджыты нымæц — 305 900 адæймаджы. Сахарæй Софиямæ у 385 км, Пловдивмæ — 267 км, Варнæмæ — 133 км. У ахсджиаг транспортон æлхынцъ (автовокзал, вагзал, порт, аэропорт).

Краткие факты Бургас, Паддзахад ...
Remove ads

Политикон ситуаци

Бургасы кмет (мэр) у Димитыр Николов (Æмбæстæгтæ Болгарийы европæйаг рапарахат кæнынмæ (ГЕРБ)) равзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.

Сахары ис Турчы генералон консулад, стæй Белорусси, Румыни, Уæрæсе æмæ Украинæйы цыты консулæдтæ.

Ахуырад

Бургасы ис дыууæ университеты:

  • Бургасы сæрибар университет (1991 азæй),
  • Асен Златаровы номыл университет (1963 азæй)

Асен Златаровы номыл университеты сконды ис æртæ колледжы: Туризмы колледж, Техникон колледж æмæ Медицинон колледж.

Куыстуæттæ

Бургасы денджызон портмæ ис бæстæйы стырдæр уæргъты зилдух (ома, бæстæйы ахсджиагдæр порт у). Кусын байдыдта 1903 азы 18 майы.

Thumb
Нефтуадзæны картæ

1960-æм азты Бургасмæ хæстæг скуыста нефткусæн завод, ныртæккæ у уæрæсейаг егъау компани ЛУКойл-ы сконды. Нефты ракуыст у тынг ахсджиаг индустрийы къабаз, уымæ гæсгæ сахары футболон командæ дæр «Нефтохимик (Нафтекс)» хуыины.

2007 азы 15 мартъийы Афинæты Уæрæсе, Грекъ æмæ Болгарийы хицæуæдтæ бадзырдтой Сау денджызы дæлдон нефтуадзæн аразыныл «Новороссийск-Бургас-Александруполис».

Бæстыхъæд

Бургасы хорз бæстыхъæд у: фæлмæн зымæг æмæ тæвд сæрд. Бургасы бакæлæн ныййих кодта æрмæст 1928 азы.

Подробнее Январь, Мартъи ...

Æфсымæрон сахартæ

Thumb
Сыгъдæг дзуары сомихаг аргъуан Бургасы

Фиппаинæгтæ

Æддаг æрмæг

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads