Кировыхъæу
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Кировыхъæу, раздæры ном у Къардиуыхъæу[3] (уырыс. Кирово) у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрыдоны районы.
Remove ads
Истори
1922-æм азы Цæгат Ирыстоны хицауады бардзырдмæ гæсгæ уалдзæджы мæйты хæхты цъассытæй Æрхондонæн йæ галиуварс 300 хæдзарæн лæвæрд æрцыдис зæхх. Ног цæрæн бынат уыд æдзæрæг, пыхсджын, кæд хъазахъæгты уыд, уæддæр. Схуыдтой йæ Къардиу. Æрбынæттон дзы сты хицæнтæй Зруг, Мамысон, Зæрæмæг æмæ Цъæйы цæрджытæ. Цæгат Ирыстоны облæсты æххæсткомы уынаффæмæ гæсгæ бардзырд бындуронæй æххæстгонд æрцыд 1922-æм азы 5 майы.[4]
Мыггæгтæ
Ардæм ралыгъдысты Мамысонæй, Зæрæмæгæй, Зругæй, Цъæйæ æмæ иннæ хъæутæй[5][4]:
- Мамысонгомæй: Дарчитæ, Добатæ, Сидахътæ, Челдытæ, Рæмонтæ, Моураутæ, Боцитæ, Айлартæ, Гæцойтæ, Къадзатæ, Кучитæ, Токтæ, Гайтæ, Суантæ, Икъотæ.
- Цъæйæ: Баситæ, Абайтæ, Мæрзойтæ, Дзалатæ, Гогатæ.
- Зæрæмæгæй: Сихъотæ, Хъайтмазтæ, Абойтæ, Магкатæ, Дзоцъитæ, Мурастæ, Ногъайтæ, Джанайтæ, Куыдзæгтæ, Туатæ, Мамиатæ, Балатæ, Гаджитæ, Цæргæстæ.
- Зругæй: Хозитæ, Бирæгътæ, Козатæ, Таугазтæ, Бырнацтæ.
Remove ads
Фиппаинæгтæ
Æрвитæнтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads