Пловдив

From Wikipedia, the free encyclopedia

Пловдивmap
Remove ads

Пло́вдив (болг. Пловдив) у Болгарийы хуссары сахар, Пловдивы облæст административон центр. Æрбынат кодта Уæллаг Фракиаг дæлвæзы, цæугæдон Марицæйы фæйнæфарс. У æфсæнвæндæгты æлхынцъ. Сахарыл цæуынц ахсджиаг автофæндæгтæ.

Краткие факты Пловдив, Паддзахад ...

Цæрджыты нымæц — 377 754 (2009-æм азы февралы)[2].

Remove ads

Истори

Пловдив у Европæйы рагондæр сахартæй иу, уыцы ран фыццаг цæрæнрæттæ фæзындысты 6 мин азы амæй размæ (ома у Ром æмæ Афинæтæй рагондæр). Сахары фыццаг ном уыд фракиаг — Эумолпиадæ (Эумолпиас).

Нæ эрæйы агъоммæ 342-æм азы сахар байста паддзах Македойнаг Филиппы æфсад, паддзах æй схуыдта Филипполис. Фæстæдæр сахар бацыд Ромы империйы скондмæ, кæцыйы уыд Фракийы провинцийы сæйраг сахар æмæ хуынди Тримонтиум (ома, «Æртæ хохы сахар»). Уымæн æвдисæн сты уыцы рæстæджы амаддзæгты бирæнымæцон хæлддзæгтæ.

VI æнусы Пловдив славянаг знæмты дæлбар фæци æмæ 815-æм азы бацыд Фыццаг Болгайраг паддзахады скондмæ. Уыцы афон сахар хуынди Пылдин. Фæстæдæр сахары æлдариуæг кодтой куы болгайраг, куы та византиаг хицæуттæ. 1364-æм азы та йæ байста Оттоманы импери.

Туркаг дæлбариуæг уæвгæйæ сахар (турк ын радтой ног ном — Фелибе, македойнаг паддзах Филиппы номæй) сси базарады артдзæст. Ам рапарахат болгайраг ныхмæлæуд дæр. 1878-æм азы азы Пловдив сси æрдæгхæдбар провинци Скæсæйнаг Румелийы сæйраг сахар, цалынмæ уыцы бæстæ 1885-æм азы Болгарийы скондмæ нæ бæци растады фæстиуæгæн, уæдмæ. Уыцы цау Болгарийы историографимæ бацыдис куыд Баиугæнд (болг. Съединение).

Remove ads

Экономикæ

Пловдив у Софияйы фæстæ бæстæйы дыккаг стырдæр индустрион æмæ культурон центр. Лæууы ахсджиаг хъæууонхæдзарадон районы астæу. Хойраджы индустри, рог индустри, машинæаразынад, химион индустри æмæ хуызджын згъæркуыст сты экономикæйы сæйраг къабæзтæ.

Культурæ æмæ фенддæгтæ

Thumb
Рагон сахаты мæсыг

Пловдив у Балкайнаг æрдæгсакъадахы рæсугъддæр æмæ цымыдисагдæр сахартæй иу, Болгарийы «культурондæр сахар»[3]. 200 бæстыхайæ фылдæр сты ЮНЕСКО-йæ хъахъхъæд историон объекттæ.

Рагзаманæй Пловдивы баззадысты ромаг форум, стадион, театр, базиликæ, термæтæ, æхсæнадон æмæ цæрæн амаддзæгтæ. Ныртæккæ рагон театр у реставрацигонд æмæ дзы арæзт цæуынц алыхуызон равдыстытæ.

Рагон сахары алфамбылай баззад фракиаг æмбонд. Æмбонды фæле — рагон сахары нарæг уынгтæ, XVXIX æнусты агъуыстытæ æд хъæдын нывæфтыдтæ.

Туркаг æлдариуæджы заманæй баззадысты дыууæ мæзджыты — «Имарет» æмæ «Джумая», стæй Европæйы рагондæр сахаты мæсгуытæй иу (XVI æнус).

Сахары историимæ базонгæ уæвæн ис цалдæр бынæттон музейы, уыдонæй раппалинаг сты, 1917-æм азы кусын чи райдыдта, уыцы Этнографион музей, стæй Археологион музей (кусы 1882-æм азæй фæстæмæ).

Уæрæсейы зындгонд у, 1954-æм азы Пловдивы Бунарджичы обауыл кæй сæвæрдтой æмæ йæ бæрзæнд 11 метры кæмæн у, уыцы монумент «Алёшæ». Монумент сæвæрдтой, Дыккаг дунеон хæсты рæстæг Болгарийы чи фæмарди, уыцы советон салдæтты кадæн. Монумент Константин Ваншенкинæн радта зарæг ныффысыны идейæ — уымæй фæзынди уыцы хæсты тыххæй уырыссаг æвзагыл популярондæр зарджытæй иу — «Алёшæ» (уырыссагау). Зарæджы фæстаг рæнхъытæ сты ахæм: «Хохы сæр лæууы Алёшæ, Болгарийы уырыссаг салдат». 1989-æм азы онг уыцы зарæг уыд Пловдивы гимн, ныр дæр бынæттон хистæр цæрджытæй бирæтæ йæ зонынц.

Ахуырад

Сахары зынгæдæр ахуырдæттæ сты Пловдивы университет, Хъæууонхæдзарадон университет, Медицинон университет, Музыкæ, кафт æмæ аивæдты академи æмæ æндæртæ

Спорт

Пловдив у болгайраг футболы ахсджиаг артдзæст, хъазынц дзы цыппар профессионалон клубы — «Ботев» (1912-æм азæй), «Марицæ» (1921), «Локомотив» (1936) æмæ «Спартак» (1947).

Боксæй æхсæнадæмон турнир «Странджæ»-мæ 1949-æм азæй фæстæмæ æрвылаз æрбацæуынц боксёртæ бирæ бæстæтæй. 2007-æм азы турниры архайдтой 96 спортсмены 20 бæстæйæ.

Пловдивы сахаргæрон æрбынат кодта бæхты спорты клуб «Аркан» æмæ бæхы спорты базæ «Хан Крум».

Remove ads

Транспорт

Сахарæй 12 км хуссар-скæсæнырдæм, Асеновградмæ фæндаджы цур æрбынат кодта Пловдивы æхсæнадæмон аэропорт. У бæстæйы цыппæрæм ахсджиагдæр аэропорт.

Бæстыхъæд

Подробнее Мæй, Янв ...

Æфсымæрон сахартæ

Пловдивæн ис æфсымæрон ахастытæ 21 сахаримæ[4][5]:

  1. Брно (чех. Brno), Чехи (1989 азæй)
  2. Бурсæ (тур. Bursa), Турк (1998 азæй)
  3. Валенси (исп. Valencia), Венесуэлæ (1993 азæй)
  4. Гюмри (сом. Գյումրի), Сомих (2004 азæй)
  5. Тэгу (кор. 대구 광역시, 大邱廣域市), Хуссар Корей (2002 азæй)
  6. Кастори (гр. Καστοριά), Грекъ
  7. Колумби (англ. Columbia), АИШ (1993 азæй)
  8. Кошице (словак. Košice), Словаки (2000 азæй)
  9. Куманово, Цæгат Македони (2003 азæй)
  10. Кутаис (гуырдз. ქუთაისი), Гуырдзыстон (1995 азæй)
11. Лейпциг (нем. Leipzig), Герман (1975 азæй)
12. Лоян, Китай
(1994 азæй)
13. Окаямæ, Япон (1973 азæй)
14. Охрид, Македони (1999 азæй)
15. Петрæ (арабб. البتراء), Иордани
16. Познань (пол. Poznań), Польшæ
17. Ром (итал. Roma), Итали
18. Салоники (гр. Θεσσαλονίκη), Грекъ (1983 азæй)
19. Бетъырбух, Уæрæсе (1980 азæй)
20. Стамбул (тур. İstanbul), Турк (2001 азæй)
21. Самарканд (узб. Самарканд), Узбекистан (2008 азæй)
Remove ads

Фиппаинæгтæ

Æддаг æрмæг

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads