Америкæйы Иугонд Штаттæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Америкæйы Иугонд Штаттæ кæнæ Америчы Иугонд Штаттæ[1] (англ. the United States of America) у президентон республикæ, арæзт у фæндзай штатæй æмæ иу федералон районæй. Бæстæйы фылдæр хай ис Цæгат Америкæйы. Уым йæ 48 штаты ахсынц зæххытæ Сабыр фурдæй Атлантикон фурдмæ, цæгаты сты æмарæн Канадæимæ, хуссары та — Мексикæимæ. Йæ штаттæй иу, Аляскæ, ис Цæгат Америкæйы цæгат-ныгъуылæны, æмæ йын ис арæн Канадæимæ, скæсæны, æмæ Уæрæсеимæ, ныгъуылæны. Гавайи, штат, у Сабыр фурды архипелаг. Уый йеддæмæ ма Сабыр фурды æмæ Карибы денджызы дары цалдæр территорийы, кæдон штаттæ не сты. АИШ-ы сæйраг сахар у Вашингтон, стырдæр сахар та Нью-Йорк. Йæ зæххыты фæзуат у 9,83 милуан км², æмæ у æртыккаг стырдæр бæстæ. 314 милуан цæрæгимæ дæр ахсы æртыккаг бынат. АИШ у зæххы стырдæр экономикон æмæ политикон тыхтæй иу.
Remove ads
Абоны АИШ-ы зæххытыл фыццаг бацардысты рагон индейæгтæ. Уыдон Цæгат Америкæмæ бацыдысты 15 000 азы размæ, æмæ сæ фæдæттæ уым нырмадæр цъусæй цæрынц. Индейæгтæ тынг цъус кæнын байдыдтой Европæйæгты колонизаци XVII æнусы куы байдыдта, уый фæстæ. Колонизаци фылдæр цыд Англисæй. АИШ-ы бындур равзæрд Атлантикон фурды былыл Æртындæс бритайнаг колонийæ, кæдон сарæзтой сæхи экономикæ æмæ политикон системæ. Уыдон растадысты бритайнæгтæ сын сæ хъалонты политикæмæ кæй бырстой, уый тыххæй. Уый бындурыл 1775-æм азы байдыдта хæст. 1776-æм азы 4-æм июлы уыцы æртындæс колонийы минæвæрттæ рауагътой Хæдбардзинады Сидт, кæцымæ гæсгæ сæвзæрд АИШ. Ног бæстæ, Францы æххуысæй, Британийы рамбылдта. АИШ-ы нырыккон конституци ист æрцыд 1778-æм азы 17-æм сентябры. Уымæ гæсгæ АИШ-ы штаттæ систы иу республикæйы хай.
Remove ads
Цæрджытæ
Административон дих
Кæс ноджы
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads