Боцитæ

From Wikipedia, the free encyclopedia

Remove ads

Боцитæ (уырыс. Боциевы) сты ирон мыггаг.

Краткие факты Боцитæ, Къабæзтæ ...

Равзæрд

Боцитæн сæ фыд уыд Къадз. Уымæн уыд лæппутæ: Боци, Икъо, Къадз, Гоцъа. Уыдонæй алкæй номыл дæр рацыд мыггаг. Къадз Мызуры царди. Цуанон лæг уыд, æмæ уырдыгæй, ныр Тиб кæм и, уырдæм бафтыд. Йæ дзыппы мæнæуы цалдæр гагайы уыд æмæ сæ уым байтыдта. Мæнæу диссаджы рæстмæ фæци. Уый фæдыл уырдæм алыгъдысты цыппар æфсымæрæй. Боцийæн йæ иу фырт уыд Елхъан, йе ’ннæ фырт — Къай, иннæ — Метар, аннæ та — Боци, Елхъанæн авд лæппуйы: Тапси, Дзбо, Хуызæ, Чезе, Абел, Бæтæ, Гагас. Гагасæн уыд фырт — Бæгъуый. Бæгъуыйы фырт Афæхъо, Афæхъойы фырт Иналыхъ. Стыр мыггаг нæ уыдысты, сæ иу хай бахаудта стырдæр мыггаджы дæлбар æмæ уыдоныл нымад æрцыдысты.[1]

Remove ads

Фиппаинæгтæ

Литературæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Remove ads