Махачкала
сахар Уæрæсейы From Wikipedia, the free encyclopedia
Remove ads
Махачкала́ (сол. МахIачхъала, лекъ. Магьачкъала, таб. Мягьячгъала, дарг. ГIянжи-Къала, МяхIячкъала, хъуым. Магьачкъала, лак. МахІачкъала, Анжи, азерб. Mahaçqala) у Уæрæсейы сахар, Дагъистаны сæйраг сахар, лæууы Къаспы денджызы былгæрон.
Махачкала у Дзæуджыхъæуы æфсымæрон сахар.
Remove ads
Истори
Махачкалайы бындур æвæрд æрцыд 1844-æм азы, уæд уыдис Уæрæсейы æфсæддон фидар, хуындис Петровское (хохæгтæ йæ хуыдтой Анджи-Кала). 1857 азы фидар райста сахары статус, æмæ йын радтой ног ном — Порт-Петровск. Сахары ном уыдис баст ахæм таурæгъимæ: 1722 азы Пётр I йе ’фсадимæ Персимæ куы цыдис, уæд ацы бынаты йæ фæллад уагътой.
1894–1896 азты арæзт æрцыд æфсæнвæндаг Дзæуджыхъæуæй Бакумæ, уымæй Махачкала дæр рæзын байдыдта, фæфылдæр йæ порты куыст.
Нырыккон ном та сахарæн радтой дагъистайнаг хъæбатыр Махачы номыл.
Remove ads
Националон сконд
- солы (26,6 %),
- хъуымыхъхъ (13,9 %),
- даргинæгтæ (13,7 %),
- лакæгтæ (14,6 %),
- лекъ (13,6 %),
- уырыс (9,1 %),
- табасарайнæгтæ (2,2 %),
- азербайджайнæгтæ (1,4 %),
- рутулæгтæ (1,2 %)[2]
Фиппаинæгтæ
Wikiwand - on
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Remove ads